Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Чындзæхсæв

 

Лæппуйы хæдзары чындзхæсджыты æрбацыдмæ сцæттæ кæнынц, хуынд адæмæн цыдæриддæр хъæуы, уыдон. Фынгтæ цæттæ вæййынц кувинагæй къухсæрфæны онг. Æфсинтæ æрцæттæ кæнынц, сыхбæстæй, хъæубæстæй сæрмагонд хæйттæ кæмæн æмбæлы (кæс сæргонд «Ирон фынджы æгъдæуттæ»), æмæ сæ бæлвырд ран сæвæрынц. Бацæттæ кæнынц æртæ чъирийы, физонæг æмæ бæгæныйы къус, чындзы фыццаг æрбакъахдзæфæн кæмæй скувынц кæртмæ бацæуæны, уыдон, æмæ сбæлвырд кæнынц, чындзхæсджыты размæ сæ чи ахæсдзæн, уыцы чызг æмæ лæппуйы.

Фæсивæд фæкафынц, фæзарынц æмæ алыхуызон хъæлдзæг хъæзтытæ æмæ ерыстæ фæкæнынц.

Нысангонд афон чындзхæсджыты æрбацыды хæд размæ хуынд адæм фынгтыл сæ бынæттæ æрцахсынц. Уæдмæ чындзхæсджытæ æрбахæццæ вæййынц, сæ машинæтæ дæрддзæфгомау бауромынц, рахизынц æмæ араст вæййынц кæртмæ заргæ, фæндырдзæгъдгæ. Разæй фæцæуы чындзхæсджыты хистæр, йæ фæстæ — чындзæн йæ рахизфарсырдыгæй — къухылхæцæг, æмдзуарджын та — галиуырдыгæй. Кæрты бацæуæнмæ куы бахæццæ вæййынц, уæд æрлæууынц, сæ размæ сын рахæссынц æртæ чъирийы, бæгæныйы къус æмæ физонæг. Чындзхæсджыты хистæр бæгæныйы къус æмæ физонæг райсы æмæ скувы.

В а р и а н т: «О дунескæнæг Стыр Хуыцау, абон Зæринæ йæ цæрæнбынат ивы, фыццаг къахдзæф кæны йе ’ркувæн хæдзармæ, æмæ йын æй амондджын фæкæн! Йемæ Торчынты бинонтæн фарн æмæ амонд куыд бахæсса, ахæм арфæ йын ракæн! Табу дæхицæн!

О сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), йæ ног хæдзары йын ног тыхтæ, ног хъару æмæ ног циндзинæдтæ ратт! Йæ ног бинонтæн уарзон куыд фæуа, ахæм хорз ын ракæн! Табу дæхицæн! Табу дæ сыгъдæгдзинадæн!» О къæсæры Уастырджи, амæй фæстæмæ ацы къæсæрыл мидæмæ хизгæйæ зæрдæрухс куыд уа, æддæмæ хизгæйæ фæндараст куыд кæна, ахæм хорз ын ракæн! Табу дæхицæн, сызгъæрин базыр Уастырджи!»

Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд аходинаг æмдзуарджынмæ авæры, кæртмæ бахизы æмæ чындзæн фæндаг ратты (бар ратты мидæмæ бацæуынæн). Уæдмæ фæсивæд кæрты фæйнæ фарсмæ сæхи айсынц æмæ чындзæн кæртмæ фæндаг суæгъд кæнынц. Къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын чындзимæ кæртмæ бахизынц (чындз кæртмæ бахизы рахиз къахæй). Бацæуынц кæрты астæумæ, уым чындз йæ сæрæй æртæ хатты æркувы, уый фæстæ йæ хистæрты фынгмæ бакæнынц æмæ уым хистæрты рахиз фарс (кæд гæнæн ис, уæд) æрлæууынц.

Бадты адæм иууылдæр сыстынц, фæсивæд сæ алыварс æрбамбырд вæййынц, адæм иууылдæр ныхъхъус вæййынц, æмæ уæд хистæр скувы:

В а р и а н т: «Дунескæнæг æмæ дунедарæг Иунæг Стыр Хуыцау, табу дæхицæн, табу де стырдзинадæн! Абон дæм дыууæ мыггаджы табугæнгæ сæ хæстæгдзинад æвдисынц, æмæ сын сæ дзыхы ныхас, сæ кувинаг адджынæн айс! Сæ хæстæгдзинад сын мыггагмæ дæ хъомысæй бафидар кæн! Абон атæппæт дзыллæ цы дыууæ уды æмкъайадыл цин кæнынц, уый амондджын фæкæн! Сыгъдæг арвы бын сæ, сабыр дунейы, уарзон адæмимæ цардамондæй бафсад! Адæмæн — уарзон, бинонтæн — адджын сæ фæкæн! Табу дæхицæн!

Иры сæрхъуызой Уастырджи, табу дæуæн! Ацы дыууæ сабийы царды фæндæгтыл уæлахизæй цæуын куыд бафæразой, ахæм хъару сын ратт!

Сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), табу дæхицæн, табу дæ сыгъдæгдзинадæн! Абон сæ цард иумæ бæттынц æмæ сын æй стыр уарзондзинадæй бафидар кæн! Сæ буар, сæ дзыхы ныхас æмæ сын сæ удыхъæд кæрæдзийæн адджын фæкæн! Кæрæдзийыл аудгæ, кæрæдзийыл узæлгæ сæ æмзай, æмзæрондмæ фæцæрын кæн! Ацы сабийæн ныййарæджы хъысмæт дæр зæрдæрухсæй бавзарын кæн! Йæхицæн æмæ Ирæн намысджын хъæбултæ куыд радта, ахæм амонд ын саккаг кæн!

Бинонтыл арм дарæг Бынатыхицау, ацы ног бинонты дæ бынаты фарнæй бафсад! Йæ бынат райдзастдæр, хъармдæр, æнæфыдбылыздæр цы бинонтæн фæци, уыдон æмбал ацы æрыгæтты дæр бакæн! Дæ хорзæхæй, Бынатыхицау, дæ хъомыс сын макуы бавгъау кæн!

О, Хуыцауы раз уæвæг уæларвон зæдтæ æмæ дауджытæ, дыууæ æрыгоны хъысмæтмæ уæ бар чи дары, уе ’ппæтæн дæр æхцон уæд! Уæ хорзæхтæй сæ хайджын фæкæнут!

Стыр Хуыцау, кæд ацы дыууæ уды дæ разы истæмæй азымджын сты, уæд сын æй, табуафси, ныббар!

Дунескæнæг Хуыцау, цытджын Уастырджи æмæ сыгъдæг Мадызæд (Мады-Майрæм), ацы хойраг, хуымилаг æмæ фыдызгъæл уæ номыл конд сты, æмæ уын барст уæнт!»

Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд аходинаг авæры æмдзуарджынмæ, стæй бар ратты чындзы сылгоймæгты размæ акæнынæн.

Уыйфæстæ чындзы бакæнынц сылгоймæгты фынгмæ, уыимæ чындзы хæдзары къæсæрыл хизын куы бахъæуы, уæд та бакъахдзæф кæны рахиз къахæй. Сылгоймæгты размæ йæ куы бакæнынц, уæд уыдон иууылдæр сыстынц, æмæ бадты хистæр чындзæн Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм бакувы, бафæдзæхсы сыл æй. Стæй чындзы йæ уатмæ акæнынц, æмæ уым йæ фæллад суадзы, фæбады, йæхимæ базилы, æхсæвæр ын бахæрын кæнынц.

Цалынмæ чындз йæ фæллад фæуадзы, уæдмæ артдзæсты раз кæнæ хæдзары æндæр ран сыхбæсты устытæ æмæ хион сылгоймæгтæ æрæмбырд вæййынц. Уырдæм бахæссынц æмæ сцæттæ кæнынц, хыз сисынæн æмæ сыхбæсты устытæн мыд дарынæн (хæрынæн) цыдæриддæр хъæуы, уыдон: æртæ æртæдзыхоны æмæ бæгæны, сæрызæды тырыса, мыды къус, уидгуытæ, къухсæрфæнтæ, куатæтæ æмæ къухмæрзæнтæ (æрбарвитынц чындзы цæгат). Уым чындзы æрбацыдмæ æнхъæлмæ фæкæсы хызисæг. Алцыдæр цæттæ куы вæййы, уæд та къухылхæцæг, æмдзуарджын æмæ кæнгæ мад чындзы уырдæм ракæнынц æмæ йын йæ хыз сисынц. Хызисыны фæтк æмæ митæ сты сыгъдæг символикон, фæлæ сын ис арф мидис. Къухылхæцæг йæ къухтæм райсы бæгæныйы къус æмæ физонæг, кæнгæ мад та фæхæцы чъиритыл, афтæмæй къухылхæцæг скувы Хуыцаумæ, Сафамæ, Бынатыхицаумæ æмæ Сæрызæдмæ.

В а р и а н т: «О не сфæлдисæг Иунæг Хуыцау, табу дæхицæн! Нæ куывд, нæ табу нын фехъус, дæ хорзæхæй! Мæнæ ацы ног бинойнагæн йæ ног бынаты фарн æмæ амонд ратт! Табу дæхицæн!

Бинонтæн уæларвон хъарм дæттæг æмæ сæ кæрæдзиуыл бæттæг Сафа, табу дын уæд! Мæнæ абонæй фæстæмæ ацы ног бинойнаг дæ хорзæхтæм æнхъæлмæ кæсдзæн, æмæ йæ, табуафси, уыцы хæрзтæй хайджын фæкæн! Ног бинонты фыдæх æмæ æххæлдзинадæй бахиз!

Бинонтæн фарн дæттæг Бынатыхицау, ацы бынаты фарн, амондæй цыдæриддæр ис, уыдонæй ног бинойнаджы бафсад! Йæ ног бынат ын адджын куыд фæуа, ахæм хъару йын ратт! Иры чызджытæй йæ ног, цæрæнбоны бынат бæллиццагдæр кæмæн фæци, уыдоны ’мбал æй фæкæн! Бынат фыдгул æмæ фыдæхæй бахиз!

Алцыуынаг æмæ бирæзонаг Сæрызæд, дæуæн дæр æхцон уæд! Зæринæйы ныронг фыдбылыз æмæ фыдгулæй куыд хызтай, афтæ йæ хиз, дæ хорзæхæй!

Стыр Хуыцау, ацы æртæ кæрдзыны дæу æмæ дæ фарнхæссæг Сæрызæды номыл сты, æмæ уын барст уæнт!»

Аходинаг авæры хызисæгæн.

Уыйфæстæ къухылхæцæг хызисæгæн бар ратты хыз сисынæн. Хызисæг чындзы бакомкоммæ æрлæууы (истæуыл бæрзонд, Сæрызæды тырыса райхалы, чындзы сæрмæ йæ бæрзонд сисы æмæ йын æй йæ сæры алыварс æртæ хатты æрзилы мæнæ ацы ныхæстимæ: «Фарн, фарн, фарн, Стыр Хуыцау! Фараст лæппуйы æмæ иу чызг!»

Уый фæстæ чындзы цæсгом хызы бынæй, уæздан æвналгæйæ, байгом кæны. Сæрызæды тырыса артдзæсты сæрмæ кæнæ æндæр, рагацау цæттæгонд бынаты, бæрзонд ран бафидар кæны.

Сæрызæды тырыса у зæрдылдарæн нысан. Тырыса хуыд вæййы ирд æмæ æнцон уынæн хъуымацæй, фидар дæр æй бакæнынц бæрзонд æмæ зынгæ ран — цæлгæнæны, цæмæй йæ чындз æдзухдæр уына æмæ дзы рох ма уа, сæрызæд æм йæ цæст кæй дары, уый. Уымæй уæлдай ма тырыса чындзæн æдзух йæ зæрдыл лæууын кæны, цы бинонтæ æмæ цы мыггагæй рацыди, уыдонæн сæ ном æмæ сæ фарнхæссæг кæй у, уый.

Чындзæн йæ хыз куы сисынц, уæд æм кæнгæ мад мыды къус ратты, йæхæдæг та уидгуытæ æмæ къухсæрфæнтæ райсы. Чындз устытæй алкæмæн дæр мыд уидыджы дзаг йæхи къухæй адары æмæ йын къухсæрфæн къухмæрзæнимæ ратты. Устытæй мыд чи ахæры, уый чындзæн зæрдиаг арфæ ракæны.

В а р и а н т: «Адджын цард фæкæн, мæ къона! Дæ къаимæ, мæ хур, афтæ адджынæй фæцæрут! Дæ къухтæ сызгъæрин доны фæдар» Æмæ æндæр ахæм арфæтæ.

Чындз мыд уæрст куы фæвæййы, уæд æй йæхи фæндонмæ гæсгæ кæнæ уатмæ акæнынц, кæнæ та йæ хъазтмæ ахонынц. Чындз хъазтмæ куы æрбацæйцæуы, уæд ын фæндаг суæгъд кæнынц, æмæ йæ къухылхæцæг æмæ кæнгæ мадимæ, науæд та æмдзуарджынимæ хъазтмæ бацæуынц æмæ иннæ чызджытимæ зынгæ ран æрлæууынц. Уыимæ чындзæн йæ фарсмæ фæлæууынц

чындзæмбæлттæ дæр. Цалынмæ чындз хъазты вæййы, уæдмæ йæм æнæсцухæй йæ цæст фæдары къухылхæцæг кæнæ æмдзуарджын. Чындз хъазты иннæ чызджытæй уæлдай ницæмæй бæрæг дары, æрмæст кафгæ куы фæкæны, уæд ын кафæг æмбалæн равзарынц дæсны æмæ уæздан лæппуйы, кæнæ та хистæр кары лæгтæй искæйы. Чындзæн не ’мбæлы йæхи уæлдай хъæлдзæгхуыз дарын, уый къæйныхдзинадыл нымад у, вæййы æфсæрмдзаст. Чындзимæ кафын алкæмæн дæр вæййы кад, уымæ гæсгæ лæвар акафын лæппутæ сæ сæрмæ нæ фæхæссынц, æмæ, кæимæ акафы, уый йын «улупа» (иуцасдæр æхца) бафиды, ратты сæ чындзы мадмæ кæнæ чегъремæ. Лæппутæ сæхæдæг кæнæ чегърейы хъæппæрисæй ерыс дæр фæкæнынц «æз фылдæр бафидон»-æй. Улупайы бæсты йын дидинджытæ кæнæ лæвæрттæ дæр раттынц.

Кæнгæ мад, къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын хъуамæ архайой, цæмæй чындз ма бафæллайа кæнæ ма сфæлмæца, ууыл. Рæстæгæй-рæстæгмæ йæ хъуамæ фæрсой, исты йæ хъæуы, истæмæй тыхсы æви нæ. Чындз та хъуамæ семæ уа æргомныхас. Чындз истæмæй куы фæрæдийы, уæд ын кæнгæ мад узæлгæйæ бацамоны, куыд кæнын хъæуы, уый, кæнæ йæ сраст кæны.

Цалынмæ чындзæхсæв фæцæуы, уæдмæ чындзæмбæлттæ вæййынц чындзы раз, æрмæст æй ницæмæй фæлмæцын кæнынц. Уыдон сты йæ символикон сæрхъуызойтæ, уæвгæ та нымад сты кадджын уазджытыл, æмæ сын фысымтæ алцæмæй дæр уазæджы кад скæнынц.

Чындзæмбæлттæ сæхимæ ацæуынц чындзæхсæвы фæстæ, дыккаг бон фылдæр хатт, фæстæйы хуындзæуттимæ. Уæдмæ хъæлдзæгдзинæдты фæархайынц, фысымтæ сын мадзæлттæ скæнынц сæ фæллад уадзынæн дæр.

Чындзæхсæвы хъæлдзæгдзинæдтæ арæх ахæссынц фæсæмбисæхсæвтæм, уый, чи æмбæлы, ахæм хъуыддаг у. Фысымтæн не ’мбæлы искæмæн уайдзæф кæнын дæр бадты кæнæ хъазты, уый æнæуагдзинад у.

Чындзæхсæвы рæстæджы сиахсæн не ’мбæлы æппæт адæммæ хи ’вдисын кæнæ чындзæхсæвы хъазтмæ цæуын, зарын кæнæ æндæр истæуыл æгæр хъæлдзæг уæвын. Цалынмæ чындзхасты уæлибондзинæдтæ фæцæуынц, уæдмæ сиахс вæййы сыхæгтæй кæнæ йæ хæлæрттæй искæй хæдзары. Æртыккаг бон куы баизæр вæййы, уазджытæ æмæ чындзæмбæлттæ сæ хæдзæрттæм куы ацæуынц, уæд къухылхæцæг сиахсæн бамбарын кæны, йæ цардæмбалимæ сын фыццаг сусæг фембæлдæн афон кæй æрцыд æмæ уымæн уавæр кæй ис, уый. Баныхас кæнынц, уыцы фембæлд куыд хуызы скæндзысты, ууыл, цæмæй уаг æмæ æфсармы фæлгæты арæзт æрцæуа, уый тыххæй.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 31 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.009 сек.)