Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Ирон бæгæны

Сæдæгай азты дæргъы ирон адæм Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм цæмæйты кувынц, уыдонæн сæ сæйрагдæртæй иу у ирон бæгæны. Бæгæныйæ цæмæн куывдæуы, уый кæс сæргонды «Ирон фынджы æгъдæуттæ».

Бæгæны бахсидынæн хъæуы:

А. ЗАД. Задæн хуыздæр у хъæбæрхор. Уый куы нæ уа, уæд та хлепа, мæнæу кæнæ нартхор. Хорæн йæ нæмгуытæ равзарынц иугай, уыдонæй алкæцы дæр хъуамæ уа:

— асæй — 1 см бæрц дæргъмæ, хус уæвгæйæ тыппыр;

— хуызæй — ирд-бур кæнæ морæ-бур; кæд æмæ йæ уæлцъар тар кæнæ сау стъæлфытимæ у, науæдта йæ цъуппыл билцъвæд ис, уæд нæ бæззы;

— тæфæй — ног хъæмпы тæф, цæмæй тæф æнцон базонæн уа, уый тыххæй æвзæрст хорæй армыдзаг сыгъдæг агуывзæйы ныккæнынц æмæ йæм уырдæм басмудынц, кæд æмæ зад, бутъро кæнæ хъуынайы тæф кæна, уæд нæ бæззы.

Хор куы равзарынц, уæд æй сыгъдæг доны ныхсынц æмæ йæ хъæрмуст доны баудайынц, донæй куыд нæ зына, афтæ. Хор удæстæй дыууæ боны хъарм ран фæвæййы, стæй йæ уымæл истæм (голлаг, кæттаг) банордынц, йæ дон сысгæ куыд нæ кæна, афтæ, æмæ йæ хъарм ран (20—30о) сæвæрынц.

Хор норстæй фæлæууы 4 боны бæрц — йæ билцъ уырзы дæргъæн, (нæмыгæй дыууæ хатты даргъдæры бæрц) къæбæлдзыгхуыз куы фæвæййы, уæд æй байгом кæнынц. Уыйфæстæ та йæ нæмыггай равзарынц. Цы нæмгуытæ нæ разайынц, уыдон аиуварс кæнынц æмæ зад бахус кæнынц. Зад пецыл кæнæ судзгæ хурмæ хус нæ чындæуы. Задаг куы бахус вæййы, уæд æй æрмгуыройыл ралæхурынц, цæмæй дзы лыстæг ссад къаддæр уа, уый тыххæй.

Æ. ХУЫМÆЛЛÆГ. Бæгæныйæн хуыздæр у, фæрвбыны, хурварс чи зайы, ахæм хуымæллæг. Хуымæллæг æртонынц сæрды фæстаг бонты, йæ пуцал хъайлахуыз куы свæййы, уæд. Йæ пуцал хъуамæ уа ставд (егъау), йæ дидинсыфтæ — ирд-бур кæнæ кæрдæгхуызгомау, сæ кæрæттæ та — сырхбын, йæ мыггæгтæ згъæлгæ кæмæн кæнынц, ахæм. Дидинсыфтыл сау стъæлфытæ куы уа, уæд нæ бæззы.

Хуымæллæг æртонынц æмæ йæ гæзæмæ хурмæ бахус кæнынц, ома йæ хур æгæр куыд нæ асудза, афтæ. Куы бахус вæййы, уæд æй чысыл аууæрдынц кæнæ йæ цæгъдæгау ныккæнынц, цæмæй йæ мыггаг азгъæла, уый тыххæй. Æмæ уæд хуымæллæг цæттæ вæййы бæгæныйыл кæнынмæ.

Б. ÆНХЪИЗÆН. Бæгæны сæнхъизынæн æппæтæй хуыздæр у уæлдзырвон — бæгæны куы нæма æрфæрсудзынц, уæд йæ сæрыл фынчытæй цы цъар сбады, уый кæнæ цырв. Бæгæны бантауыны размæ æнхъизæн ссаддоныл бафæлварынц, схæцдзæн æви нæ, уымæй. Кувинаг бæгæныйыл кæнды бæгæныйæ ист æнхъизæн нæ чындæуы — нæ фæтчы, хæларгæнинаг дæр афтæ.

В. ДОН. Фыдæлтæ бæгæныйæн дон истой хохаг донгуырæнтæй. Дон хъуамæ уа сыгъдæг, рухсдзыд, æфсæйнаг æмæ суардоны ад ма кæна, басмудгæйæ та кæсаг, сондон æмæ чъыры (хлоры) тæф ма кæна.

Кувинаг бæгæныйæн куыройы бынæй, куыройы дæле æмæ æхсæвыгон дон нæ истæуы, нæ фæтчы.

Г. БÆГÆНЫЙЫ БАХСЫСТ. Тымбылбын(къуырф) цæнгæт кæнæ æрхуы аджы дон ныккæнынц, дон куы рарайы, уæд æм зад сабыргай, стуанæй змæнтгæйæ, бафтауынц, стæй йæ рæстæмбис артыл фæфыцынц. Аджы зад хъуамæ уа донæн йæ 1/4 хай, фыцгæ та хъуамæ фæкæна, цалынмæ зад æмæ дон бынтондæр сæмхæццæ уой, кæнæ уырзтыл хæцын байдайа, уæдмæ. Заддон бирæ фыцын нæ хъæуы, уымæ гæсгæ йæ æнæсцухæй уырзæй фесгарынц.

Уæдмæ, сæрмагондæй бæгæныйæн кæй сбийынц, ахæм тæсчъы сыгъдæг æхсад хъæмп бæзджын байтауынц æмæ тæскъ истæуыл, бæрзонд æвæрд арынджы кæнæ сивыры, нывæрынц.

Заддон фых куы фæвæййы, уæд æй тæвдæй тæскъмæ февгæнынц. Уырдыгæй задæн йæ дон хъæмпæй арынгмæ фæрсудзгæ фæлæдæрсы, арынгæн йæ лæдæрсæн хуынкъыл та бынмæ тæдзы, хуынчъы ныккомкоммæ цы мигæнæн бавæрынц, уымæ.

Задæй цы дон æрлæдæрсы, уый ног бауæларт кæнынц, æмæ куыддæр рарайы, афтæ йыл цæттæ хуымæллæг ныккæнынц, иу заддоны къæртайыл (8—10 литры) — 40 граммы бæрц хуымæллæг. Фæфыцынц æй лæмæгъ артыл цыппар сахаты бæрц. Фых куы фæвæййы, уæд, цалынмæ тæвд вæййы, уæдмæ йыл цæхх ныккæнынц, иу къæртайыл цайцымæн уидыджы дзаг, æмæ йæ уазал кæнынмæ ныууадзынц. Куыддæр хъæрмусты онг æруазал вæййы, афтæ йæ бантауынц — цырв ыл ныккæнынц, иу къæртайыл цайцымæн агуывзæйы ’рдæджы бæрц, æмæ йæ хорз сызмæнтынц. Йæ сæр ын бамбæрзынц æмæ йæ хъармы (хъармад +25о) нывæрынц. Уым бæгæны фенхъизы фондз боны бæрц, стæй куы æрæнцайы йе ’нхъизынæй, уæд æй ныффæрсудзынц. Уый вæййы ирон бæгæны, нæ фыдæлтæ Хуыцаумæ кæмæй куывтой, уый. Ахæм бæгæны хорз æхгæдæй уазал ран лæууы афæдзы бæрц, ома, йæ хæрзхъæддзинад нæ сæфы.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 40 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)