Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Кувыны мидисы ис цыппар сæйраг хайы.

ФЫЦЦАГ. ХУЫЦАУ, 3ÆДТÆ, ДАУДЖЫТÆМ ТАБУ БАКÆНЫН —сæ бархъомыс, сæ цыт, сæ намыс сын зæрдиаг æмæ стауæн ныхасæй бахахх кæнын «Дунесфæлдисæг æмæ дунедарæг Стыр Хуыцау, табу дæхицæн!» «Тæхгæ-нæргæ, бæрзондылбадæг æмæ уæлахизхæссæг Уастырджи, нæ табу нын айс, дæ хорзæхæй!» «Дзыллæйæн дунейы рухсæй хайгæнæг Мадызæд (Мады-Майрæм), сызгъæрин тæбæгъты дæм куывдæуæд! Табу дæхицæн, табу дæ сыгъдæгдзинадæн!» Æмæ афтæ дарддæр, чи куыд арæхсы, афтæ.

ДЫККАГ. КУЫВД (ФЫНГÆВÆРД) ЦÆЙ ОХЫЛ У, УЫЦЫ ХОРЗДЗИНАД ХУЫЦАУ, 3ÆДТÆ ÆМÆ ДАУДЖЫТÆЙ РАКУРЫН, сæ бар, сæ хъомыс цæуыл (кæуыл) æххæссы, уый хынцгæйæ. Дæ хорзæхæй, не Сфæлдисæг Хуыцау, ацы сабийы цардамондæй хайджын фæкæн!» «Сабийы лæггæнæг, байраджы — дугъон, Уастырджи, царды фæндæгтыл нæ уæлахизмæ кæн! Ацы сабийы царды гуыргъахъ фæндæгтыл æнæныфс, æнæ ’хсар ма ныууадз! Табу дæхицæн!» «Сызгъæрин Мадызæд (Мады-Майрæм), йе уæнджы йын уынд, конд æмæ æнæниздзинад бауадз!» «Рæдау Фæлвæра, дæ лæвæрттæй Хуыцаумæ кувынæн аккаг кусæрттæ куыд кæнæм, уыцы хорз нын ракæн!» «Бæркадхæссæг æмæ фыдбылыз сафæг Мыкалгабыртæ, мæнæ цы хæдзары кувæм, уый æбæркад куыд никуы уа, бинонтæ та фыдбылызæй хызт куыд уой, ахæм хорз сын ракæнут!»

ÆРТЫККАГ. ХУЫЦАУ ÆМÆ МА 3ÆДТÆЙ КУВИНÆГТÆ КÆЙ НОМЫЛ КОНД СТЫ (КÆМÆ СÆ КУВЫНЦ), УЫДОНÆН СÆ БÆРСТАГ СКÆНЫН ÆМÆ СЫН СÆ БАХЪАРЫН. «Хуыцау, Фæлвæра, ацы бæркæдтæ нæ сыгъдæг удты фæллойæ сты æмæ сымахæн барст уæнт!» «Стыр Хуыцау, Сыгъдæг Мады-Майрæм, ацы хойраг, фыдызгъæл æмæ бæгæны сымах номыл сцæттæ кодтам æмæ уын барст уæнт, мах та сæ фарнæй хайджын фæкæнут!»

ЦЫППÆРÆМ. ХУЫЦАУÆЙ ХАТЫР РАКУРЫН, КÆЙ НОМÆЙ КУЫВДÆУЫ, УЫЙ РÆДЫДТЫТÆ ÆМÆ АИППЫТЫ ТЫХХÆЙ. «Хуыцау, ацы бæлццон дунейыл кæд истæмæй дæ разы азымджын у, уæд ын, дæ хорзæхæй, ныббар!»

6. Гаджидæуттæ

 

Хистæртæ куывд куы фæвæййынц, уæд хуынд адæм иууылдæр сбадынц æмæ гаджидæуттæ фæуадзынц. Гаджидауæй гаджидауы ’хсæн фæзарынц, фæхудынц, арфæйы нуазæнтæ фæдæттынц (фервитынц). Цæвиттон — алцыдæр уаг æмæ æгъдауы фæлгæты, нывыл.

Гаджидæуттæ, сидтытæ дæр сæ хонынц, ирон адæмы фынгæвæрдмæ æнусты сæрты ’рхæццæ сты нæ рагфыдæлтæй, сæ мидисы ис бæрæгбон Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджыты фарнæй хайджын кæнын, стæй хицæн адæймæгтæн уæлдай арфæтæ ракæнын, адæмы раз сæ Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытыл бафæдзæхсын.

Гаджидау у искæцы зæдæн сæрмагондæй йæ ном ссарын табу йæм бакæнын æмæ дзы хорздзинад ракурын, кæнæ адæмæй искæмæн сæрмагонд арфæ ракæнын æмæ йæ Хуыцау зæдтæ æмæ дауджытыл бафæдзæхсын.

Гаджидау кæддæриддæр рауадзы бадты хистæртæй исчи, басиды кæстæртæм, цæмæй гаджидауыл сæ табутæ бафтауой, кæй номыл у, уый кадæн та сæ нуазæнтæй саходой кæнæ бануазой.

Гаджидæуттæй иу дæр ахæм нæй, æнæмæнг бануазын кæй хъæуы. Сидт кæмæ ’рхæццæ вæййы, уый йæ нуазæнæй аходгæ кæны кæнæ — нуазгæ, уый йæхи хъуыддаг у. Сидты нуазæнтæ се ’ппæт нуазын у æнæуагдзинад. Кæнды дæр æмæ куывды дæр бахæрын æмæ бануазын сæйраг не сты. Куывды фынгыл кувинæгтæ куы æрæвæрынц æмæ Хуыцауы ном куы ссарынц, уæд уый фæамоны, Хуыцауы тавиц, Хуыцауы цæстæнгасæй бадты адæм цух кæй не сты, уый. Уыцы хъуыддаг бадты адæмæй иуæй дæр хъуамæ рох ма уа.

Хистæр гаджидау, кæнæ кæнды рæгъ фæуадзы лæугæйæ, кæнæ бадгæйæ. Цалынмæ хистæр гаджидау фæуадзы, уæдмæ бадты адæмæй йæ дзыхмæ комдзаг ничи хæссы, иууылдæр бадынц æдзæмæй.

Фынджы хистæры сæйрагдæр хæстæй иу у бадты рæстæг фæлгæты дарын, æгæр дæргъвæтин бадты фарн нал вæййы.

Хистæр уавæрмæ гæсгæ цал сидты кæны, уый йæхи хъуыддаг у, æрмæст æртæйæ къаддæр нæ вæййынц.

Куывды æмæ æндæр циндзинады сæйрагдæр гаджидæуттæ сты:

— Стыр Хуыцауы номыл;

— куывд цы зæд, цы дуагæн конд у, уый номыл, кæд куывд нæлгоймагæн кæнæ бæлццонæн конд у, уæд Уастырджийы номыл, кæд сылгоймагæн конд у — чызгæрвыст, сылгоймаджы гуырæн бон, сылгоймæгты бæрæгбоны, сылгоймаг ахуырмæ куы бацæуы, ахуыр куы фæвæййы, исты хъæбатырдзинад кæнæ кады хъуыддаг куы саразы, уæд та Мадызæды (Мады-Майрæмы) — сылгоймæгты бардуаджы номыл;

— куывд кæмæн конд у, уый (уыдон) цардамондæн;

— уазджытæ æмæ бæлццæтты цардамондæн, кæд бадты адæмы ’хсæн уазджытæ ис, уæд:

— сыхбæсты, хъæубæсты цæрæнбоны тыххæй;

— фысымты, хæдзары бинонты цардамондæн, кæд куывд иумæйаг вæййы, уæд та сыхбæстæй, хъæубæстæй алкæй бинонты цардамондæн;

— кæстæрты, рæзгæ фæлтæры цардамондæн;

— Иры дзыллæйы фарн æмæ намысæн;

— фынгæвæрд цы хæдзары ис, уыцы хæдзардарæг кæд æгас нал вæййы, афтæмæй йын йæ кой ракæнынц — æрымысынц æй, уæд ын хицæн рæгъæй рухсаг фæзæгъынц, фæлæ йын хæлар ницы чындæуы æмæ йын рухсаггаг нозтæй дæр не ’ртагъдæуы;

— бæркадхæссæг зæдтæ æмæ дауджыты (Уацилла, Фæлвæра, æмæ Мыкалгабырты) номыл.

Ацы гаджидæуттæй фыццаг æртæ нымад сты, æнæмæнг рауадзын кæй хъæуы, уыцы сæйраг гаджидæуттыл. Иннæ гаджидæуттæй хистæрæн йæ бон у кæцыдæр нæ рауадзын, æндæрæй йæ баивын, æндæр хуызы йæ рауадзын. Гаджидæуттæ бануазыны тыххæй цы бадты фæуадзынц, уый вæййы хынджылæггаг бадт, — Хуыцауы фыдæхмæ сидæг.

Куывды æмæ æндæр цины хъуыддаджы сæрмагонд гаджидау никæй тыххæй уагъдæуы, кæд куывд — цины хъуыддаг — уымæн конд нæу, уæд, фæлæ, кæд бадты адæмы ’хсæн ахæм адæймаг ис, Ирыстонæн кæнæ хъæубæстæн стыр ном æмæ цыт чи скодта, уæд уый цардамондæн сæрмагонд сидт рауадзын аипп нæу.

Бадты хистæрæн йæ бон у дыккаг æмæ æртыккаг хистæртæн фæйнæ сидты бар раттын, фæлæ йæ рæгъы уæддæр хистæр ауадзы, йæ нуазæн дæр фыццаг уый бануазы кæнæ дзы ацаходы.

Дыккаг кæнæ æртыккаг хистæр куы фæсиды, уæд йæ бынатæй сысты, йæ сидт цæй фæдыл у, уый фæзæгъы, стæй банхъæлмæ кæсы, цалынмæ йæм рæгъ æрхæццæ уа, уæдмæ, стæй лæугæйæ йæ дæле бадæг кæстæртимæ къуырццæй кæнæ æнæ уымæй (бадты къуырццæй нуазыны хæс никæуыл ис) бануазы йе та дзы саходы. Хистæрæн æрфæ ракæны, сидыны бар ын кæй радта, уый тыххæй, стæй сбады.

Куывды æмæ æндæр цины хъуыддаджы бадты адæм гаджидæуттæ лæугæйæ уадзынц:

— куывд (цины хъуыддаг) кæй тыххæй у, уый цæрæнбоны тыххæй;

— сыхбæсты (хъæубæсты) бинонты (мыггаджы), бадты хистæры цæрæнбоны тыххæй.

Гаджидау цæйфæнды охыл куы уа, уæддæр бадты хистæр куы нæ сыста, уæд стын никæмæн æмбæлы. Рæгъ рухсаджы тыххæй куы рауадзынц, уæд уый хæдфæстæ кæстæрты, фæсивæды цардамонды охыл гаджидау нæ уагъдæуы, уымæй кæстæртæн нымд фæкæнынц.

Куывд кæй номыл кæнæ кæй тыххæй у, уымæ бар цы гаджидæуттæ нæдарынц, уыдон нæ уагъдæуы. Иу бардуаг æмæ иу адæймаджы тыххæй бадты дыууæ гаджидауы нæ уагъдæуы.

 

7. Арфæйы — кады нуазæнтæ æмæ хæйттæ

 

Арфæйы (кады) нуазæн у адæймагæн йæ хорз ракæнды тыххæй буц хæрзиуæг, ома йæ сбуц кæнын, арфæ йын ракæнын, адæмæн ын йæ хорз ракæнд, йæ хорз æууæлтæ равдисын.

Арфæйы нуазæнæн лæвæрдæуы исты нозты мыггаг — бæгæны, арахъхъ, сæн, коньяк æмæ æндæр ахæмтæ агуывзæйы, сыкъайы, къусы. Хи равдисыны охыл æнæхъæн авджы дзаг кæнæ фылдæр истæй мидæг арфæйы нуазæн, кæд гæнæн ис, уæд нæ лæвæрдæуы, уый æнæфенддзинад у, бадты нозтхъуаг ничи вæййы.

Иры дзыллæмæ кæддæриддæр арфæйы нуазæн кадджын уыди æмæ йын кодтой стыр аргъ, хуымæтæджы-иу нæ загътой фыдæлтæ: «Ирон нуазæн — кады нысан», кæнæ «Нуазæны кад æмæ паддзахы хæрзиуæг иу сты». Арфæйы нуазæн саккаг кæнынц адæмæн стыр хæрзты бацæуæгæн, уазæгæн, хъæбатырдзинад æмæ куырыхондзинад равдисæгæн, дард балцæй æрцæуæгæн, хæстæгдзинад æмæ хæлардзинад сфидар кæныны охыл. Нуазæн лæвæрдæуы аходæн хаимæ. Аходæн хайæн æрвитынц фыдызгъæлы хай — сгуы, базыг, мæкъуыстæг кæнæ фæрсчытæ иу кæнæ ’ртæ. Нуазæн сылгоймаджы номыл куы фервитынц, уæд хайæн нывæрынц адджинаг — чъирийы хай, шоколад кæнæ æндæр къафеттæ. Нуазæн æнæ хайæ æрвитын аив нæу, фæлæ нуазæн æд хай бадты хистæртæм куы бахæссынц, уæд хай авæрдæуы дыккаг кæнæ æртыккаг фынгыл.

Куывды хистæртæ сæрмагонд нуазæнтæ — арфæйы нуазæнтæ æрвитынц:

— куывд кæмæн скæнынц, уымæн йæхицæн, æрбахонынц æй фынгмæ, арфæ йын ракæнынц, стæй йын уæд нуазæн раттынц — иу нуазæн;

— æфсинтæн æмæ лæггадгæнджытæн — фæйнæ нуазæны (сылгоймæгтæн æмæ нæлгоймæгтæн), æфсинтæм уыйфæстæ арфæ кæнынмæ ничиуал фæцæуы;

— кæд хæдзары хистæртæй исчи ’нæфæразгæ у æмæ цины хъуыддаджы йæ бон архайын нæу, уæд уымæн — иу нуазæн;

— кæд куывды уазджытæ ис, уæд уыдонæн — нæлгоймæгтæн хицæнæй, сылгоймæгтæн хицæнæй. Кæд бирæ нæ вæййынц, уæд се ’ппæтæн дæр фæйнæ нуазæны;

— кæд куывды архайджыты ’хсæн исчи ис, Ирыстонæн стыр хæрзты чи бацыд, ахæм зындгонд адæймаг, уæд уымæн. Абон хицау чи у, уымæн æрмæстдæр уый тыххæй арфæйы нуазæн нæ лæвæрдæуы, ахæм хъуыддаг хистæрты æгад кæны;

— бадты кæстæртæн иу, науæд æртæ нуазæны;

— хъазты архайæг фæсивæдæн æртæ нуазæны алыхуызон нозтытæй, уыдонæй иу — фæндырдзæгъдæгæн, иу — нæлгоймæгтæн, иннæ та —сылгоймæгтæн.

Фынгæй хистæры æвастæй нуазæн арвитын никæмæн æмбæлы, нуазæнтæ чи фæхæссы, уыдон сæ рагацау сцæттæ кæнынц, хистæры размæ бацæуынц, æмæ сын уый бамбарын кæны, кæдæм, цæй тыххæй æмæ кæмæн, стæй фæзæгъы, кæй номæй сæ æрвиты, уый. Иумæйаг куывды фынгмæ нуазæнтæ хæссыны бар ис хистæр кары адæймæгтæн, уый дæр сыхбæсты, хъæубæсты номæй. Ахæм нуазæны аккаг вæййы, æппæт сыхбæстæн, хъæубæстæн кæнæ Иры дзыллæйæн кад æмæ ном чи скæны, лæгдзинад чи равдисы, ахæм адæймаг. Хицæн адæймæгтæ сыхы, хъæуы куывды сæхи номæй нуазæнтæ нæ дæттынц.

Арфæйы нуазæн фынгмæ кæмæнфæнды куы æрбахæссой, уæддæр æрлæууынц хистæры рахиз фарс, хатыр дзы ракурынц, стæй йæм бахатынц, нуазæн кæмæн æрбахастой, уымæн æй цæмæй радтой, уый тыххæй. Уыцы рæстæджы хистæр æнæвдæлон куы вæййы — (кувы, таурæгъ кæны, зары кæнæ сиды), уæд æм банхъæлмæ кæсынц. Уыйфæстæ сæм хистæр йе ’ргом раздахы æмæ сын фæзæгъы:

«Табуафси, уазджытæ, уæ зæгъинаг нын зæгъут!» кæнæ: «Уæ хорзæхæй, мæ хуртæ, гъеныр уын ныхасы бар ис!» Нуазæн æрбахæсджыты хистæр, бадты адæм æй куыд хъусой, афтæ ныхас кæнын райдайы:

В а р и а н т: «Фарн уæм бадзурæд, Хуыцаумæ кувæг хорз адæм! Ацы фæрныг фынгыл уе ’хсæн бады, фарон Иры дзыллæ уæззау уавæры куы бахаудта, уæд ын йæ зæрдæйы хъарм æмæ йæ исбон чи нæ бавгъау кодта, æцæг ирон лæджы удыхъæд чи равдыста, гъе уыцы Хуыцауы уарзон лæг Гусаты Дохцыхъойы фырт Гадæкко, æмæ йæ цæрæнбон бирæ уæд! Гадæкко, Стыр Хуыцау æмæ дæ Уастырджийы хорзæх уæд! Дæ уæздандзинад æмæ дæ лæгдзинад Иры дзыллæйæ рох куыд никуы уой, дунескæнæг Хуыцау нын ахæм зондахаст раттæд! Ацы кадджын нуазæнæй дын хъæуы фæсивæд арфæ кæнынц, не ’ппæты зæрдæ дын зæгъы домбай æнæниздзинад. Табуафси, райс æй!»

Искæй куывды, бадты, хистæр нæ уæвгæйæ, нуазæнтæ дæттын аив нæу — нæ лæвæрдæуы нæдæр æфсинтæн, нæдæр уырдыглæуджытæн, нæдæр фынгмæ хæстæг лæууæг адæмæй искæмæн. Нуазæн раттыны бар ис æрмæстдæр бадты æртæ хистæрæн, кæнæ уыдон бардзырдмæ гæсгæ.

Фынджы хистæр уазджытæн æмæ кæстæртæн фыццаг нуазæнтæ радта æви сæ цардамондæн гаджидау рауадза, уый йæхи хъуыддаг у æмæ йæм лаз æрхæссæн нæй.

Кæстæртæн цалынмæ хистæртæ арфæ ракæной, ома сæм нуазæнтæ радтой, уæдмæ кæстæртæн хистæртæм нуазæн æрбахæссын не ’мбæлы.

Кæстæртæ хистæртæн нуазæн куы фæдæттынц (хистæрты арфæйы нуазæнæн дзуапп), уæд æртæйæ сыстынц æртæ нуазæнимæ, хистæрты размæ бацæуынц æмæ сын сæ кармæ гæсгæ (кæстæрты хистæр бадты хистæрæн, дыккаг кæстæр — дыккаг хистæрæн, æртыккаг— æртыккаг хистæрæн) нуазæнтæ раттынц. Хистæртæ кæстæрты агуывæзтæ раздахынц ривадæй — нуазæнтæ сын нал фæдæттынц.

Кусарт цы хъæлдзæгдзинады вæййы, уым бадты хистæртæ кæстæртæн раттынц сæрмагонд хай — кусарты рахиз хъус. Уыцы кадджын хайæн йæ нысаниуæг у, хистæртæ кæстæрты уæздандзинад æмæ лæгдзинадæй разы кæй сты, уый бахахх кæнын æмæ сын арфæ ракæнын, сæ зонд, сæ хъуыдытæй хистæртæн ныфс кæй сты, уый фæдыл. Хистæртæ кæстæртæн хъусы хай фæдæттынц, бадты кæронмæ ма дыууæ-æртæ гаджидауы куы баззайы, уæд, сæрмагонд нуазæнимæ, иуæй-иу рæтты хистæр сæрмагонд нуазæны бæсты хъусы хай кæстæртæн ратты сæ кæстæрæггæгтимæ — арфæйы нуазæнтимæ, æмæ уый дæр, чи не ’мбæлы, ахæм хъуыддаг нæу.

Хъусы хай раттынæн ис сæрмагонд фæтк — æртыккаг хистæр кæнæ уырдыгыстæг бадты хистæры бардзырдмæ гæсгæ кусарты сæрæй рахиз хъус йæ рæбыныл ралыг кæны, стæй йæ йæ рæбынæй дæргъырдæм кардæй æртæ уадздзаджы акæны, цæхх ыл æрызæры æмæ йæ æд нуазæн (иу нуазæн) бадты хистæрмæ ратты. Хистæр хъус æд нуазæн райсы æмæ йæ, фынджы сæрты лæгæй-лæгмæ дæтгæ, кæстæрты хистæрмæ (дæле ранымайгæйæ æртыккаг кæстæрмæ) авæры арфæтимæ. Хъыгагæн уыцы фæтк рохы баззайы.

Кæстæрты хистæр бадты хистæрæй хъусы хай æд нуазæн райсы, йæ дæле цы дыууæ кæстæры бады, уыдон æд нуазæнтæ сыстын кæны (нуазæг æмбæлттæн), хъусы хайæ сын фæйнæ уадздзаджы ратты æмæ хистæртæн раарфæ кæны.

В а р и а н т: «Нæ уæздан, нæ буц хистæртæ, дунескæнæг æмæ дуне дарæг Стыр Хуыцауы хорздзинæдтæй хайджын ут! Табу йæхицæн! Бирæ азты дæргъы ма махæн зондамонæг, уынаффæгæнæг, уæлебадæг, уайдзæфгæнæг куыд уат, ахæм хорз уын Стыр Хуыцау ракæнæд! Махæй та уæ ныфс куыд уа, уæ сæр нæ бæрзæндты куыд хæссат, ахæм хъару нын Хуыцау раттæд!» Нуазæг æмбæлттæ хъусы хай æмæ арфæйы нуазæны фæдыл дæргъвæтин ныхас (арфæтæ) нæ кæнынц.

Ва р и а н т: «Стыр Хуыцау, нæ хистæрты аккаг уæздандзинад æмæ хъару нын ратт!» «Хуыцауæй арфæгонд ут, нæ буц хистæртæ!» «Стыр Хуыцау, нæ хистæрты фарн нын макуы фесаф!»

Уыйфæстæ нуазæнтæ иумæ бануазынц кæнæ сæ ацаходынц, хистæртæм та фæстæмæ дзаг сыкъа, агуывзæ раттынц æнæ хайæ.

Хъус ралыг кæныны æгъдау марды кæнды дæр ис, æрмæст уым хъус ралыг кæнынц, бæркады рæгъы хæд размæ, кæстæрты цæрæнбоны рæгъ (сидт) уыдис æви нæ, уый нæ хынцгæйæ. Уæлдæр куыд бафиппайдтам, афтæ хъус ралыг кæнынц, дыууæ уадздзæджы йæ фæкæнынц, цæхх ыл æрызæрынц æмæ йæ фæстæмæ сæрыл кæнæ бæрзæйыл æрæвæрынц. Кæнды хъусы хай кæстæртæм нæ лæвæрдæуы, уый, уæлæуыл цы кæстæртæ ис, уыдонмæ нæ хауы.

Бадты адæмæй искæмæн арфæйы нуазæн куы æрбахæссынц (раттынц), уæд слæууы, нуазæн райсы, йе ’рбарвитæг æмæ йæ чи ’рбахаста, уыдонæн арфæ ракæны. Нуазæн бануазы кæнæ дзы ацаходы, сыкъа, агуывзæ нозтæй байдзаг кæны æмæ йæ, чи æрбахаста, уымæ фæстæмæ ратты. Арфæйы нуазæн сылгоймаг куы ’рбахæссы, уæд сыкъа фæстæмæ здахын хъæуы ривадæй, фæлæ бузныгадимæ, кæд дæ уавæр амоны, уæд. (Кæс сæргонд «Хи дарыны уагæвæрдтæ»).

Бадты, хъазты кæнæ æндæр искуы арфæйы нуазæнтæ цалдæр куы вæййынц, уæд нуазæнæн фыццаг арфæ ракæны æмæ йæ нуазгæ дæр бакæны хистæр, кæд æмæ, нуазæнтæ кæмæн æрбахастæуыд (рардæуыд), уыдоны ’хсæн сылгоймаг ис, уæд арфæ фыццаг ракæны уый, стæй нуазæн йæхи бæсты æндæрмæ —нæлгоймагмæ ратты, кæнæ дзы саходы, кæд, сылгоймагæн нуазын кæмæй æмбæлы, ахæм нозт у, уæдæй нуазгæ дæр бакæны. Уыйфæстæ раарфæ кæны, нæлгоймæгтæй нуазæнтæ кæмæ ис, уыдоны хистæр, æмæ йæ нуазæн бануазы кæнæ дзы саходы.

Бадты адæмæй искæмæн арфæйы нуазæн куы раттынц æмæ, цы нозт нæ нуазы, ахæм куы вæййы, уæд æй баивы æндæр нозтæй кæнæ дзы саходы, уый аипп нæу.

Дыууæ, æртæ хистæры искæмæты иумæ нуазæнтæ куы раттынц, уæд фыццаг арфæ дæр æмæ нуазгæ дæр бакæны, бадты хистæры нуазæн кæмæ рардæуы, уый. Иу адæймаг нуазæнтæ цалдæрæн куы ратты (зæгъæм, бадты хистæр æмбæлæггæгтæ кæнæ уазæггæгтæ), уæд фыццаг арфæ дæр ракæны æмæ нуазгæ дæр бакæны, нуазæнтæ райсджытæй хистæр чи вæййы, уый. Нуазæнтæ æрбахæсджытæй исчи сылгоймаг куы вæййы, уæд фыццаг арфæ дæр ракæнынц уымæн æмæ нуазгæ дæр бакæнынц уый нуазæн.

Цины хъуыддаджы бадты хистæртæ кæстæртæн нуазæн куы авæрынц, уæд сын бар раттынц хъазтмæ ацæуынæн, семæ та сын арвитынц арфæйы нуазæнтæ хъазты уæвæг фæсивæдæн. Кæстæртæ фæкафынц, фæзарынц, стæй æнæмæнг фæстæмæ фынгмæ æрбаздæхынц. (Кæс сæргонд «Ускурын æмæ мойкæнын»). Сæ хистæр бадты хистæрæй бар райсы, цæмæй фынгтыл сæ бынæттæ бацахсой.

Лæггадгæнджытæн, æфсинтæн, кæрдзынгæнджытæн æмæ хæдзары кардзыд хистæртæн бадты хистæртæ фынгæй арфæйы нуазæнтæ куы арвитынц, уæд сæм бадты фæстæ арфæтæ кæнынмæ цæуын фыдæлтæй нæ баззад æмæ хъæугæ дæр нæ кæны, уый хистæры ’фтауы цæсты.

Куывдæй, кæхцгæнæнæй, чызгæрвыстæй, хъабахъы хæрнæгæй арвыстæуы сæрмагонд хæйттæ. Сæрмагонд хæйттæ рагацау сцæттæ кæнынц æфсинтæ кæрты уынаффæгæнæг бæрнон хистæры кæнæ хæдзары хицауы амындмæ гæсгæ æмæ сæ кæстæртæй искæимæ арвитынц.

Сæрмагонд хæйттæ æрвыстæуы:

— сыхбæсты (хъæубæсты) хистæр нæлгоймаг æмæ хистæр сылгоймагæн, бæрæгбонмæ цæуынхъом чи нæ вæййы, уыдонæн;

— мыггаджы (хæдзарвæндаджы) хистæр нæлгоймаг æмæ хистæр сылгоймагæн, бæрæгбонмæ цæуынхъом чи нæ вæййы, уыдонæн;

— хæстæг сыхæгтæй хуысгæ рынчын чи вæййы, уымæн.

Кæй ранымадтам, уыдонæн сæрмагонд хæйттæ арвитынц се ’нæниздзинадмæ гæсгæ, кæнæ вазыгджын æхсæнадон хъуыддаг кæнгæйæ сæ бон куывдмæ æрцæуын куынæ вæййы, уæд.

Сæрмагонд хæйттæ æндæр хъæутæм не ’рвыстæуы.

Сæрмагонд хайæн æрвыстæуы: иу чъири, фыдызгъæлы хай, иу литры ’рдæджы бæрц карз нозт кæнæ бæгæны. Сылгоймагæн та — адджын чъирийы иухай, фыдызгъæл, адджын нозт, къафеттæ кæнæ дыргътæ йе та æндæр хæрзад хæринаг.

Уымæй уæлдай ма дард бæлццæттæн нывæрынц фæндагмæ хæйттæ (фыдызгъæлы хай кæнæ æнæхъæн уæнг, иу кæнæ æртæ чъирийы, бæгæны кæнæ æндæр нозт литры бæрц). Нывæрынц æрмæст, Ирыстонæй фæсарæнтæм, зæгъæм, Кæсæгмæ кæнæ Гуырдзыстонмæ хуынд адæмæй чи фæцæуы, уыдонæн. Фæндагмæ хæйттæ цæвæрынц бахæрынæн, уыдон нæдæр кувинаг сты, нæдæр фæдзæхсæн. Фæндагмæ хæйттæ курын кæмæйфæнды дæр æмæ кæмæнфæнды дæр у æдзæсгомдзинад, марды кæндæй ракурын та — аллайаг хъуыддаг.

Марды кæндæй, æрмæст нæфæразгæ мыггаджы хистæрæй дарддæр, нæдæр фæндагмæ нæдæр хæдзармæ хæйттæ нæ чындæуы.

Цины хъуыддагæй мын хай нæ бакодтой, кæнæ мын арфæйы нуазæн нæ радтой, зæгъгæ, уый тыххæй хъаст кæнын аив нæу. Хай кæнæ нуазæн ракурын та æнæуагдзинад у.


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 44 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.017 сек.)