Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Номæвæрæн

 

Ноггуырдыл 2—3 къуырийы куы рацæуы, уæд скæнынц æртæ чъирийы, арахъхъ, бæгæны, къуымæл. Аргæвдынц хæдзарон мæргътæ кæнæ уæрыкк, балхæнынц адджинæгтæ, халсартæ æмæ æрхонынц хæстæг сыхæгты æмæ хионты. Скувынц Стыр Хуыцаумæ, Мадызæдмæ (Мады-Майрæммæ), Уастырджимæ, Сæрызæдмæ.

Ноггуырд кæд лæппу вæййы, уæд хистæр Стыр Хуыцауы фæстæ ссары Уастырджийы ном. Кæд ноггуырд чызг вæййы, уæд та кувæг Стыр Хуыцауы фæстæ ссары Мадызæды (Мады-Майрæмы) ном.

Лæппуйы номæвæрæны архайынц нæлгоймæгтæ, ном дæр æвæрынц уыдон. Чызджы номæвæрæны та архайынц æрмæст сылгоймæгтæ.

Бадты адæм дыууæ сидты куы ракæнынц, уæд кæстæртæй иуæн бабар кæнынц номхыгъд ныффыссын, уыцы номхыгъдмæ алчи дæр бахæссы дыууæ-æртæ номы. Уыйфæстæ номхыгъд бакæсынц мад æмæ фыды мадæн, номхыгъдмæ сæ чи бахаста, уыдон нæ зæгъгæйæ. Мад æмæ æфсин нæмттæй иу равзарынц, æмæ уый свæййы ноггуырды ном. Кæй ном равзарынц, уый уыцы бонæй фæстæмæ нымад вæййы хионыл. Цæрæнбоны сывæллонмæ йæ цæст фæдары, фæауды йыл, зын уавæры йæ фарсмæ æрбалæууы. Свæййы сывæллоны хъомылгæнджытæй иу.

Ном куы равзарынц, уæд æфсин æмæ номæвæрæг сывæллоны æртæ æртæдзыхоны, физонæг æмæ царвы кæнæ дзыккайы къусимæ бадты адæммæ рахæссынц. Адæм иууылдæр сыстынц, æмæ хистæр скувы: (Кæс дæлсæргонд «Кæхцгæнæн» (Кæхцхæссæн)).

Хистæр куывд куы фæвæййы, уæд сывæллонæн йæ рахиз къах дзыккайы къусы атъыссынц, æмæ йæм хистæр бадзуры: «Ракъах æй, æмæ дзы авд разыной!» Стæй дзыккайы къус мадæн арвитынц, цæмæй дзы сахода, уый тыххæй.

Уыцы хъуыддæгтæ куы фæвæййынц, уæд бадты адæм сбадынц æмæ гаджидæуттæ фæуадзынц, фæминас кæнынц, фæзарынц.

Ирон адæймаг хъуамæ ирон ном хæсса, уымæн æмæ ирон номы ирон фарн ис.

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 39 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.006 сек.)