Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Ус, лæг, цот

 

Лæг йæ усы адæмы ’хсæн фыдæлты заманы йæ номæй нæ хуыдта, нæ рæстæджы уый аипп нæу. Аипп нæу, йæ мыггаджы номæй йæм куы дзура, уæд дæр. Зæгъæм: «Абацион», «Кучион», «Хъариан». Лæг дæр æмæ ус дæр кæрæдзимæ фыды номæй нæ дзурынц. Ус æмæ лæг адæмы ’хсæн сæ кæрæдзийыл æмæ сæ цотыл æргом цинтæ (батæ, хъæбыстæ æмæ æндæр ахæм узæлæн митæ) нæ фæкæнынц. Фыд йæ сывæллоны хистæрты æмæ уазджыты раз йæ хъæбысмæ нæ исы, кæд исты ахсджиаг уавæр нæ домы, уæд. Лæг æмæ ус хистæрты æмæ сæ цоты цур кæрæдзимæ сæ уарзондзинад æргом не ’вдисынц, кæрæдзиуыл нæ узæлынц, кæрæдзийæ не ’ппæлынц. Уый аив нæу. Царды фæлтæрæн ирдæй æвдисы, ахæм ахастдзинæдтæ сын сæ уарзондзинад тыхджындæр кæй кæнынц, уый. Ус æмæ лæг кæрæдзимæ бинонты æмæ адæмы ’хсæн нæ дзурынц: мæ лæг, мæ мой, мæ ус, цотмæ та — мæ фырт, мæ лæппу, мæ чызг, мæ хъæбул, мæ сывæллон. Сæ кой ракæнын куы фæхъæуы, уæд фæзæгъынц: «Уæ фарн бирæ уæд!», «Мæ кæстæртæ (махмæ цы сывæллæттæ ис, уыдон)», «Нæ кæстæр чызг», «Нæ астæуккаг лæппу», кæнæ æндæр искуыд.

Лæг, ус æмæ сæ цоты æмахастдзинæдты ратæдзæнтæ равзæрдысты, нæ фыдæлтæ ма стыр бинонтæй — æнæхъæн хæдзарвæндагæй кæнæ æнæхъæн мыггагæй-иу бæстыхайыл куы цардысты, уæд. Ахæм бинонты ’хсæн уæлдай хъулон митæ æмæ уæлдай цинтæ кæнын нымад уыдис æвзæр, æнæуаг мийыл, уымæн æмæ файнусттæ дæр æмæ сæ цот дæр нымад уыдысты иу бинонтыл. Ус æмæ лæджы æмахастдзинæдты тыххæй кæс сæргонд «Сылгоймаг-нæлгоймаг»-ы.

Ирон бинонты ахастдзинæдтæ абон дæр æвæрд сты уаг æмæ нымд кæнынады фæлгæты. Мæнæ иуæй-иу зæрдылдаринаг уагæвæрдтæ:

— чызджытæн хæдзары ис хицæн хуыссæнуат, лæппутæн — хицæн, лæппуйыл æртæ азы куы сæххæст вæййы, уæдæй фæстæмæ фæхуыссы нæлгоймæгты уаты кæнæ хицæнæй;

— лæг æмæ усы хуыссæнуатмæ æнæ фæрсгæйæ ничи цæуы, чызджыты уатмæ лæппутæ æнæ фæрсгæйæ нæ цæуынц;

— бинонты æмæ æддæгæтты ’хсæнмæ æнæ дарæсæй кæнæ мидæггаг дарæсы рацæуын æнæуагдзинад у;

— хъомыл адæймагæн йæ буары æфсæрмыйаг хæйттæ адæмы ’хсæн æдзухдæр хъуамæ уой æмбæрзт;

— хистæры цур уарзон чызг кæнæ уарзон лæппуйы кой ракæнын аив нæу, кæд хистæрты фæндон нæу, уæд, афтæ ус ракурыны (мой кæнын) фæндон зæгъын дæр;

— æнæгъдау мийыл нымад у нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы сусæг ахастдзинæдтыл ныхас кæнын бинонты ’хсæн кæмæнфæнды дæр;

— хистæрты раз хилтæ дасын, цæсгом ахорæнтæ æмæ кремтæй ахорын;

— хистæримæ ныхасгæнгæйæ йæм чъылдым аздахын, бандоныл уæлгоммæ хи ауадзын, хæрын, ныхасгæнгæйæ ныууадзын, йæ цурæй æнæ бафæрсгæйæ ацæуын;

— ныййарджыты раз кæмæфæнды дæр загъд кæнын, хъæр кæнын, æлгъитын, хицæй æппæлын, тамако дымын, арахъхъ нуазын сты æнæгъдау митæ, адæймагæн йæхи дæр æмæ йæ ныййарджыты дæр æгад чи кæны, ахæмтæ;

— ныййарджытæ æмæ мадызæнæг æгасцуайгæнгæйæ кæрæдзи къухтæ нæ исынц, пъатæ нæ кæнынц, хъæбыс акæнынæй дарддæр;

— фыд æмæ фырт хицæнтæй куы цæрой, уæддæр кæрæдзи хæдзæрттæ (фатертæ) хонынц кæрæдзийæн иумæйаг, кæрæдзийæн нæ фæзæгъынц: «дæ хæдзар», «сымахмæ», «мæ хæдзар», «махмæ»; уыцы фæткыл хæст сты æфсымæртæ дæр;

— бинонтæ кæрæдзийæн цæстмæ ницы дарынц, æфстау (бæтгæмæ) ницы дæттынц, кæд амал æмæ гæнæн ис, уæд æрмæстдæр лæвар, цæстуарзонæй;

— лæг (ус) йæ мады (æфсины) хъуагæй йæ усæн (лæгæн) лæвæрттæ нæ кæны;

— амал æмæ гæнæн уæвгæйæ, æфсины æвастæй хæринагмæ, хæлцмæ, æхцамæ æмæ æфсины бæрны уæвæг дзаумæттæм ничи ’вналы.

 

7. Бинонты æмæ æрвадæлты ’хсæн æмахастдзинæдтæ

 

Иу мыггаджы сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ кæрæдзи хонынц: «Мæ хо», «Ме ’фсымæр» кæнæ: «Мæ чысыл хо Сæлимæт», «Мæ чысыл æфсымæр Хетæг». Чындзытæ (устытæ) та сæ хонынц: «Мæ ходыгъд Дзерассæ», «Мæ тиу Уаспи». Чындзытæ кæрæдзи хонынц: «Мæ файнуст Иринæ», «Мæ хистæр файнуст Агуындæ».

Сывæрджын сылгоймагæн адæм нымд фæкæнынц йæ уавæр æргом зæгъын æмæ фæзæгъынц: «æнхъæлцау у», «йæхи бар нæу», «зæрдæхсайгæ у». Сывæрджын сылгоймагæй йæ мой та æрмæстдæр фæзæгъы «’нæфæразгæ кæнæ хæстбойнон у». Сылгоймагæн йæхицæн дæр не ’мбæлы «сывæрджын дæн» (уыдтæн) зæгъын, фæлæ йæ ныхас вæййы: «Нæ хистæр сывæллонæй (йæ ном дæр ын иуæй-иутæ уайсадгæ фæкæнынц) мæ чемыл нæ уыдтæн», кæнæ: «Мæхи бар нæ уыдтæн», науæд та: «Сывæллонмæ æнхъæлмæ куы кастæн, уæд».

Алы бинонтæн дæр сæ хæдзары куыстытæн ис сæхи сæрмагонд фæтк, фæлæ уæддæр бинонтæй алчи дæр хъуамæ зона, арæхса хæдзары куыстытæй алцæмæ дæр. Ууыл адæймаг сахуыр вæййы сывæллонæй йæ бинонты ’хсæн. Бахъуаджы сахат сылгоймаг фæкæны нæлгоймаджы куыстытæ, нæлгоймаг та сылгоймаджы куыстытæ, фылдæр ирон бинонты ’хсæн хæдзары куыстытæ уæрст вæййынц:

Хæдзары хицау æмæ хистæр кары нæлгоймæгтæ:

— агъуыст, кæрт, кусæнгæрзтæ афоныл цалцæг кæнын, сыгъдæг сæ дарын;

— исбон амал кæнын æмæ йæ хæдзармæ хæссын;

— машинæ, хæдзарон, электрон дзаумæтæм зилын æмæ сæ цæттæйæ дарын;

— фосмæ æмæ цæхæрадонмæ зилын;

— бинонты уагахастмæ цæст дарын æмæ сæ кæрæдзийыл бæттын;

— лæппуты нæлгоймаджы куыстытыл ахуыр кæнын;

— цоты ахуыр æмæ хъомыладæн мадзæлттæ аразын:

Хæдзары æфсин æмæ хистæр кары сылгоймæгтæ:

— бинонты æрвылбоны домæнтæн æхцайы фæрæзтæ фæлхас кæнын;

— хæринаг кæнын æмæ цæлгæнæны уавæрмæ цæст дарын;

— чызджыты сылгоймаджы куыстытыл ахуыр кæнын;

— кæстæртæн æрвылбоны куыстытæ æмæ митæм цума кæнын, бинонты дарæс æмæ фадыварцмæ зилын;

— æнахъом сывæллæттæм зилын, сыгдæг сæ дарын;

— бинонты æнæниздзинадмæ цæст дарын;

— хæдзар æмæ хæдзары дзаумæттæ æфснайдæй æмæ сыгъдæгæй дарын.

Сывæллæттæ:

— хистæрты уынаффæмæ гæсгæ æрвылбон хæдзары куыстытæй бæлвырд исты кæнын (машинæ кæнæ фосмæ зилын, кæрты кæнæ агъуысты бæлвырд исты æфснайын, æнахъом хистæртæм цæст дарын (кæстæриуæг сын кæнын) кæнæ æндæр исты ахæм куыстытæ;

— хистæрты бардзырдтæм гæсгæ «цумайы» куыстытæ кæнын.

Нæ рæстæджы æхсæнады арæзт æмæ царды уавæртæ ирон бинонты царды фæткмæ бахастой бирæ ивддзинæдтæ. Уыдонæй иу у, адæм стыр бинонтæй кæй нал цæрынц, уый, ома, æфсымæртæ устытæ куы ракурынц, уæд сæ иуæй фæстæмæ хицæн бинонтæ, хицæн цæрæнты æрцæрынц æмæ сæ цоты хибарæй фæхъомыл кæнынц, сæ ныййарджытæ хатгай иунæгæй дæр баззайынц. Уыцы уавæры ныййарджытæ сæ цоты цоты хъомыл кæнынæй фæиппæрд сты. Уыйадыл фыдæлты æрдхæрæны хъомылады фæткæвæрд фехæлд. Уыцы уавæр егъау æппæрццæг фæстиуджытæм кæны æвзонг фæлтæры хъомылады хъуыддаг. Уыцы хъуыддаг хъуыдыйаг у æппæт ныййарджытæн æмæ æхсæнадæн.

Нæ рæстæджы ирон хæдзары бинонтæ хæринаг хæрынц иу афон æмæ иу фынгыл, кæд гæнæн æмæ амал ис, уæд. Ирон бинонтæн сæ фылдæр фынджы уæлхъус бадынц бæлвырд бынæтты. Бинонтæ кæд æртæ фæлтæры вæййынц, ома фыды фыд æмæ фыды мад, фыд æмæ мад (лæг æмæ ус), цот, уæд фынджы уæлхъус сæ бынæттæ вæййынц: хæдзары хицау (фыды фыд) — уæле (рæбынæй), фыды мад — æфсин — йæ мойы дæле, рахиз фарс, фыд — фыды фыды дæле, галиу фарс, мад (чындз) — æфсины дæле, йæ фарсмæ, сывæллæттæ (цот), — сæ мад æмæ фыды дæллаг фарс сæ кармæ гæсгæ. Бинонтæ кæд дыууæ фæлтæры вæййынц, уæд уæле (рæбынæй) фæбады хæдзары хицау (фыд), йæ дæле, рахиз фарс, æфсин, уыдон дæле фæбадынц сывæллæттæ, цот сæ кармæ гæсгæ.

Цалынмæ хæдзары хицау æмæ æфсин (йæ бинойнаг) сбада, уæдмæ кæстæртæ фæлæууынц, стæй хистрæй кæстæрмæ райдайынц сæ бынæттæ ахсын. Æфсинæй дарддæр йæ цардæмбалы фарсмæ бадын никæмæн æмбæлы. Цалынмæ хæдзары хицау кæнæ ’фсин чындзæн «сбад» зæгъа, уæдмæ йын фынгыл сбадын не ’мбæлы.

Хæдзары хистæр хæрынмæ афæдз куы не ’рбацæуа, уæддæр ын йæ бынат ничи ахсы, уый канд аипп нæу, фæлæ ма нæфæтчиаг хъуыддаг дæр у.

Бинонтæн æфсин фынгыл хæринаг куы æрæвæры, уæд сæ алчи дæр фынджы уæлхъус йæ бынат æрцахсы, фæлæ бадгæ не скæны, цалынмæ хæдзары хицау кæнæ бинонты хистæр скува æмæ сбада, уæдмæ. Хæдзары хицау скувы: «Дунескæнæг иунæг Хуыцау, æнæ цæхх æмæ кæрдзын нæ макуы фæкæн!» кæнæ: «Дунесфæлдисæг æмæ дунедарæг Стыр Хуыцау, табу дæхицæн! Дæ хорзæхæй, ацы цæхх æмæ кæрдзынæй нæ æнæхай макуы фæкæн!» Науæдта: «О не скæнæг Стыр Хуыцау, мæгуыр нæ макуы скæн, табуафси!» Уыйфæстæ иууылдæр сбадынц æмæ бахæрынц, æрмæст хистæры разæй фыццаг комдзаг нæ чындæуы.

Бæрæгбон кæнæ бæрæгæхсæв фынгыл кувинаг куы æрæвæрынц, уæд хæдзары хицау æмæ бинонты архайд вæййы, сæргонд «Ирон фынджы æгъдæуттæ»-йы куыд загъдæуы, афтæ.

Бинонтæй кæд рынчын ничи у, уæд хицæн хæринаг никæмæн чындæуы, гыццыл сабитæй дарддæр.

Фынджы уæлхъус кæстæртæ хъæрæй нæ дзурынц, уый аив нæу.

Æрвадæлтæ æмæ хæстæджытæ рæстæгæй-рæстæгмæ цæуынц кæрæдзи бабæрæг кæнынмæ — фенынмæ, ацæуыны амал кæмæн нæ вæййы, уый та телефонæй бадзуры æмæ бафæрсы: «Куыдтæ стут, цы хабæрттæ уæм ис?», зæгъгæ. Хæстæджытæ кæрæдзи фенынмæ куы фæцæуынц, уæд исты лæвæрттæ кæнæ зæрдæлхæнæнтæ кæныны хæс никæуыл ис. Рагæй (афæдз æмæ фылдæр) кæрæдзи чи нал федта, ахæм хиуæттæ афтидкъухæй кæрæдзимæ нæ цæуынц, фæлæ стыр лæвæрттæ кæнын та æнæфенд ми у. Кæрæдзимæ цæуыны хъæппæрис равдисын кæстæрмæ хауы.

Хæстæджытæй искæуыл исты фыдбылыз куы ’рцæуы, кæнæ исты уæззау уавæры куы бахауы, уæд иннæтæн йæ бабæрæг кæнын æмæ йын, сæ амал цæмæй у, уымæй баххуыс кæнын кæнæ æрмæстдæр йæ фарсмæ æрбалæууын, зæрдæвæрæн ныхас ын зæгъын сæ хæс у. Хиуæттæй исчи куы фæрынчын вæййы, уæд иннæтæй йæ амал кæмæн вæййы, уый йæ бабæрæг кæны — ацæуы йæм рынчынфæрсæг. Рынчынфæрсæгæн йæ къух куы фæамоны, уæд рынчынæн бахæссы исты хæринаг, адджинæгтæ, дыргътæ, дидинджытæ кæнæ исты зæрдылдарæн лæвар. Уæззау рынчын чи вæййы (хæрын æмæ нуазыныл чи нæ вæййы), уымæн, хæдзары бинонтæ йеддæмæ, йæ размæ бацæуын аив нæу. Уымæн æмæ хатгай рынчынфæрсæг хъыгдарыны хос вæййы. Æниу йæ ном дæр рынчынфæрсæг уымæн хуыйны, æмæ фæрсынмæ æрбацæуы, рынчын куыд у, зæгъгæ, æндæра йæ фыдæлтæ хуыдтаиккой — рынчынуынæг кæнæ æндæр искуыд. Хион мæм рынчынфæрсæг не ’рбацыд кæнæ ’рбацыд, фæлæ ницы æрбахаста, зæгъгæ, хъаст кæнын æнæуаг ми у.

Бæрæгбоны кæнæ æндæр цины хъуыддаджы бинонтæ кусарт куы акæнынц, уæд мыггаджы хистæрмæ алкæддæр хонæг æрвыстæуы. Кæд æмæ мыггаджы хистæр цæмæдæр гæсгæ не ’рцыд, уæд ын æмбæлы сæрмагонд хай арвитын, амал æмæ гæнæн куы уа, уæд. Сæрмагонд хайы цытæ вæййы, уый бæлвырддæр бакæс сæргонд «Ирон фынджы æгъдæуттæ»-йы.

Мыггаджы ном хæсджытæ хъуамæ зоной, сæ мыггаг кæд цыфæнды хъуыстгонд у, кæд дзы бирæ номдзыд адæймæгтæ рацыд, уæддæр уыдæттæ ууыл дзурæг не сты, æмæ æппæт мыггагæн уыцы хорз бæрæггæнæнтæ æрдзæй йæ туджы, йæ удыхъæды сты.

Дæ мыггаг кæд цыфæнды хъуыстгонд у, цасфæнды дæр дзы уæздан адæймæгтæ, ис, уæддæр макуы зæгъ, уый иннæ мыггæгтæй хуыздæр у, зæгъгæ, уый æнæуагдзинад у. Адæймагæн дæр æмæ мыггагæн дæр ном адæм дæттынц.

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 28 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.012 сек.)