Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Уасгергий зар

Дзæуджыхъæу 2003

 

 

РАЗНЫХАС

 

Ирон адæм, куы равзæрдысты, уæдæй абонмæ цæрынц æмæ ирвæзынц сæ хорз æгъдауы, æфсармы æмæ лæгдзинады руаджы, Хуыцауы фæрцы. Адæмыхатт иннæ адæмты æхсæн зыны æмæ æрттивы, цыкурайы фæрдыджы хуызæн, æрмæстдæр йæ культурæйы руаджы. Культурæйы æйраг хай та сты адæмы æгъдау æмæ æфсарм, æнусты дæргъы кæй бахъахъхъæдтой, уыцы удварны хæзнатæ. Се 'хсæн, æнæмæнг, стыр бынат ахсынц бæрæгбæттæ æмæ, уыдон царды куыд бæрæггонд цæуынц, уый. Æгъдæутты тыххæй чингуытæ рацыди номдзыд уырыссаг æмæ ирон ахуыргæндтæ æмæ фысджытæ: Всеволод Миллер, Максим Ковалевский, Къарджиаты Бекызæ, Айларты Измаил, Хъайттаты Сергей, Хозиты Федыр, Агънаты Гæстæн, Цыбырты Людвиг, Цгъойты Хазби, Уарзиаты Вилен, Хацырты Анзор, Батырты Уырысби, Дзуццаты Хасан, Хадыхъаты Хадзымæт, Хæуытаты Къостайæн. Ирон æгъдæутты тыххæй газетты уыди Гоститы Хъазыбег, Калоты Георги, Гаппуаты Тæтæрхъан, Мырзаганты Махар æмæ иннæты уацтæ.

 

Адæймаг æгъдауджын æмæ кадджын вæййы, йæ бинонты æмæ йæ адæмы куы 'мбара, куы цæра хи фæллойæ, Райгуырæн бæстæ куы уарза, æрмæстдæр уæд. Давæг, марæг, стигъæг, æввонгхор, расыггæнаг, наркотиктæ уæйгæнæг, наркоман, магуса никæд уыдзысты æгъдауджын æмæ кадджын. Ахæмтæ æнæуынон сты Хуыцау æмæ адæмæн, сты æгад æмæ семæ тох кæнын хъæуы æрвылбоны царды. Стыр æргом раздахын хъæуы сывæлжтты хъомыладмæ. Ахуырады кусджытæ рæвдауæндæтты æмæ скъолаты хъомыладон куыст фаг нæ кæнынц. Хистæртæ та — хæдзæтты. Уыцы азым хауы сыхты, хъæуты, мыггæгты, округты, районты Ныхастæм дæр. Нæ хæс у нæ фæсивæды ирон æгъдæуттыл ахуыр кæнын. Адæймаг æгъдау базоны, фыццаджыдæр йæ хæдзары, йæ бинонты æхсæн. Уый тыххæй хуыздæр уаид нæ цины æмæ зианы хъуыддæгтæ хæдзæртты кæнын. Нæ цард фенцондæр æмæ фæрогдæр уæвынæн хъуамæ æххуыс уой не 'гъдæуттæ. Ныры заманы сбирæ сты дзæгъæл хæрдзтæ, æмæ сæ мауал кæнæм. Куывды дæр æмæ хæрнæджы дæр фынгæвæрд хъæуы бæрцæй, хъуамæ дзы калинаг мацы фæуа.

 

Цард цæуы размæ, æгъдæуттæ дæр кæнынц йе 'мдзыд æмæ сты фæлтæрæй-фæлтæрмæ хуыздæрæй дæттинаг æмæ æххæстгæнинаг. Рагæй-æрæгмæ ирон адæмы царды иттæг ахсджиаг бынат ахста æмæ ахсы æфсарм, уый у ирон царды тæккæ ахсджиагдæр моралон миниуджытæй иу.

 

Ирон адæмы æгъдæуттæй иу дæр æвзæр нæу, фæлæ сæ алкæцы дæр баст уыди æмæ уыдзæн йæ рæстæгимæ. Уыдонæй нæй зæгъæн афтæ: "Мæнæ ацы комы æгъдæуттæ хуыздæр сты иннæ комы æгъдæуттæй". Фау сæ никæцымæ ис æрхæссæн. 13 æнусы тæтæр-мангол аланты паддзахад ныддæрæн кодтой æмæ нын нæ фыдæлты батардтой хæхбæстæм. Ирон адæмæн хæхты цъассытæ систы сæ ирвæзынгæнæг, тыхамæлттæй зынвадæтты цардысты уым, кæрæдзийы нал уыдтой. Уыцы уавæрты сæ бон нæ уыд æппæт æгъдæуттæ иухуызон кæнын. Абон та цæрынц иумæ, кæд сæ Кавказы хæхты æфцæг дыууæ дихы кæны, уæддæр тырнынц кæрæдзимæ. Дунейы фарнæй хайджын уæнт æмæ тагъд баиу уæнт! Цæмæй сиу уой, кæрæдзийы хуыздæр æмбарой, уый тыххæй та се 'гъдæуттæ хъуамæ уой иухуызон. Ахæм хæс сæвæрыны фæстæ æппæт ирон адæмы Аланты Ныхасы хистæрты, культурæйы æмæ æгъдæутты къамистæ тынг бакуыстой горæтты, хъæуты, кæмтты цæрджытимæ ацы хъуыддагыл. Уымæй уæлдай ма Аланты Ныхасы Президиум æмæ Совет бирæ хæттыты æркастысты ирон адæмы иумæйаг æгъдæуттæм æмæ сæ нывыл кæныныл дарддæр кусдзысты къамистимæ. Фæлæ уыдон ницы бакæндзысты æнæ адæмæй. Нæ цард саразын кæсы æрмæстдæр нæхи адæммæ, æмæ йæ фæхуыздæр кæныныл, табуафси, бакусæм иумæ. Иу фæткыл цы адæм хæцы, уымæн æгъдау у тыхы хос. Хъуамæ иннæ адæмтæй фæстейæ ма зайæм. Абон царды уавæртæ сты вазыгджын. Гыццыл адæм уæвгæйæ, дунейы алы къуымты ныппырх стæм. Фæлæ, кæмфæнды куы уæм, уæддæр бахъахъхъæнæм не 'гъдау æмæ не 'взаг, — уыдон куы нал ой, уæд нал уыдзæн ирон лæг. Нæ кæстæрты нын халынц æвзæр кинонывтæй, æнæгъдаудзинадæй, хъæддаг митæй æмæ фыдракæндтæй. Хæсты быдырты фæцагъды сты нæ нацийы хуыздæртæ, афтæмæй скуынæг сты нæ уæздан куырыхон хистæртæ. Фехæлд фæлтæрты бастдзинад. Æппæт уыцы уавæртæ æрдомдтой ацы дзыппыдаргæ чиныг-бæрæгуат (справочник) саразын, ирон æгъдæутты иу фæткыл чи кæны, ахæм.

 

Чиныджы æрмæгыл куыст цыд 1998 азæй нырмæ. Аланты Ныхас 1998 азы апрелы — хуымгæнæны мæйы сарæзта ирон адæмы иумæйаг æмбырд ацы хъуыддаджы тыххæй. Сæрдариуæг дзы кодта Гиоты Михал. Доклад дзы скодта профессор Гаппуаты Тæтæрхъан ахæм темæйыл: "Ирон дзыллон æгъдæуттæ, царды уаг æмæ сæ фæхуыздæр кæныны мадзæлттæ". Æмбырды раныхас кодта Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы Президент Дзасохты Алыксандр. Уый хорз хъуыдытæ бахаста доклады мидисмæ æмæ нын бабар кодта уынаффæты æрмæг чиныгæй рауадзын. Уымæ гæсгæ æрмæгыл бæстондæр бакуыста æгъдæутты фæдыл къамис. Къамисы уæнгтæ арæх цыдысты хъæутæм, районтæ æмæ округтæм, æмбырд кодтой адæмы фæндæттæ. Афтæмæй арæзт æрцыд цыбыр бæрæгуат ирон æгъдæуттæн. Бирæ хæттыты йæм æркастысты Аланты Ныхасы къамистæ, Президиум æмæ Совет, сæ фæндтæ йæм хастой адæм районты, округты, хъæуты æмбырдты. Чиныгæн йæ проект мыхуыргонд æрцыд 2002 азы 25 июны — хурхæтены мæйы газет "Рæстдзинад"-ы. Газетмæ æмæ автортæм сæ фиппаинæгтæ æрбарвыстой сæдæ адæймаджы бæрц. Фиппаинæгтæм та сæрмагондæй каст цыдис æмбырдты, æмæ афтæмæй фидаргонд æрцыдысты. Ирон æгъдæутты ацы бæрæгуатмæ лæмбынæг æркастысты округты, районты æмæ хъæуты цæрджытæ æмæ сæ хорзыл банымадтой. Мах сидæм Иры дзыллæмæ æмæ йæ курæм: «Абонæй фæстæмæ нæ хорз æгъдæуттæ аразæм семæ æххæст кæнæм æмхуызон, иу уаг æмæ иу фæткыл!».

 

Мах бахызтыстæм æртыккаг миназоны къæсæрыл. Ралæууыд ног дуг — зонадон-техникон прогрессы дуг. Уый адæмты цардмæ хæссы ног æмæ ног ивддзинæдтæ.

 

Ахæм фæтасæны заман мах дæр хъуыды кæнæм не 'взаг æмæ не 'гъдæуттыл, нæ фидæныл. Мах хъæуынц, нæ адæмы рæсугъд фидæны пайдайæн чи уыдзæн, ахæм æгъдæуттæ.

 

 

БÆРÆГБÆТТÆ

 

Ирон адæм цæрынц хæхбæсты, горæтты, хъæуты, Уæрæсейы, хæстæг æмæ дард фæсарæнты. Уыдонæн ис иумæйаг бæрæгбæттæ: Цыппурс, Ногбон, Уацилла, Куадзæн, Джеоргуыба, Джеры дзуар, Хетæджы Уастырджи æмæ æндæртæ Пысылмон бæрæгбæттæ: Рамадан, Хъуырман æмæ афтæ дарддæр. Хæхбæсты, хъæуты, стæй иуæй-иу мыггæгтæн ис бирæ æндæр бæрæгбæттæ Æрмæстдæр Цæгат Ирыстоны ис 150 кувæндонæй фылдæр. Дæнцæгæн зæгъæм:

 

Туалгомы — 36;

Куырттаты комы — 26;

Уæлладжыры комы — 20;

Терчы галиу фарс — 18;

Терчы рахиз фарс — 17;

Дыгургомы — 16;

Хъобаны, Дæргъæвсы æмæ Санибайы — 6.

 

Нæ фыдæлтæн къуырийы бонтæй алкæцыйæн дæр уыдис сæрмагонд мидис. Уый у æнæмæнг афтæ, уымæн æвдисæн у ирон адæмон сфæлдыстад. Бонтæй алкæмæн дæр ис йæхи зæд, йæхи бардуаг. Зæгъæм, Хуыцаубонæн йæ ном ис йæ уæлæ: Хуыцауы бон у, æмæ уыцы бон фылдæр арæм не Скæнæг Стыр Хуыцауы ном, къуырисæр у Уациллайы бон, йæ бæрæгбон дæр вæййы къуырисæры, дыццæг — Уастырджийы бон (дыгурмæ — Геуæргибон), æртыццæг — Бынаты бардуаджы бон, цыппæрæм — Мыкалгабырты, майрæмбон — Мады Майрæмы бон, сабат — мæрдты бон. Чи зоны, искæмæ раст нæ фæкæсдзæн æмæ уый бафæрсдзæн: кæд дыццæг Уастырджийы бон у, æртыццæг — Бынаты бардуаджы, уæд сын сæ ном, къуырисæры æмæ дыццæджы куы 'рталынг вæййы, уæд цæмæн арæм? Уымæн æмæ рагон ирон нымадæй суткæ æхсæвы фыццаг сахатыл нæ райдайы, фæлæ, куы баизæр вæййы, уæд. Сабаты, куы баталынг вæййы, уæд фæзæгъæм: ахсæв у Хуыцауы æхсæв, хуыцаубоны изæрæй та — къуырисæры æхсæв æмæ афтæ дарддæр.

 

Нæ адæм æнусты дæргъы сæ бæрæгбæттæ къуырийы бонтимæ дзæгъæлы не сбастой æмæ нæ рахастой. Ныр иуæй-иу лæгтæ, иуæй-иу рæтты цæрджытæ æгæр бирæ бæрæгбæттæ кæнын байдыдтой. Бæрæгбон æнæ нозт нæ вæййы. Адæймаг карз нозт æгæр арæх куы нуаза, уæд "нозт йæ кæнæгæн дæр нæ бары", æмæ свæййы расыггæнаг, æгад, йæ æнæниздзинад хæлы, бирæ нæ цæры. Алцы дæр фидауы бæрцæй. Бæрæгбагттæн хъуамæ уа сæрмагонд фæтк æмæ бæрц. Æрвылбон бæрæгбæттæ куы кæнæм, уæд ма кусгæ та кæд кæндзыстæм æмæ цæмæй цæрдзыстæм? Æнæ кусгæйæ цард нæй. Уымæ гæсгæ равзарын хъæуы сæйрагдæртæ, æппæтадæмон бæрæгбæттæ. Афæдзы мидæг бæрæгбæттæ иу хатт конд цæуæнт Хуыцауы, Уастырджийы (зæгъæм, Хетæджы бон æмæ Джеуæргуыбаты), Уациллайы, Бынаты бардуаджы, Мыкалгабырты, Мады Майрæмы, Чырыстийы, Куадзæны (чырыстæттæн), Фацбадæнтæ (дыгурæн), Рамадан, Хъуырман æмæ а.д. (пысылмæттæн). Иу бон та сæрмагонд нысангонд æрцæуæд мæрдты мысынæн, сæ ингæнтæм, уæлмæрдтæм базилынæн. Уымæй уæлдай ма æнæ кæнгæ нæй Ногбонæн. Уадз нæ адæмæн амонд æмæ фарн хæссæд азæй азмæ нæ бакуыстæй æмæ Хуыцауы фæрцы!

 

Ирыстон цæрæнбонты фидар æмæ цытджын уыдзæн æрмæст йæ хъæбулты руаджы. Уыдон къаддæр куы кæной, куы сæфой, уæд ын сомбон нæй. Хуыцау æмæ нын зæдтæ арфæ ракæнæнт, сæ хорзæх нæ уæд. Уадз æмæ Ирыстоны гуырой амондджын хорз кæстæртæ, фылдæрæй-фылдæр кæной, бирæ уарзой æмæ цæстыгагуыйау хъахъхъæной Райгуырæн зæхх, тырной ахуырмæ æмæ лæгдзинадмæ. Мауал нæм уæд иунæг наркоман дæр æмæ расыггæнаг дæр. Цæмæй афтæ уа, уый тыххæй нæ фыдæлтæ скодтой сæрмагонд адæмон бæрæгбон — Кæхцгæнæн. Хуыцау æмæ адæмы фæрцы ацы бæрæгбон кæнын хъæуы рæсугъд, хъæуы йæ фæхуыздæр кæнын, цæмæй уый кæстæртæн царды фæуа стыр ахъаз, æвдадзы хосы хуызæн, цæмæй хайджын уой Хуыцау æмæ зæдты хорзæхтæй.

 

Уæлдæр нымад хъуыдытæм гæсгæ, Аланты Ныхасы хистæртæ, культурæ æмæ æгъдæутты къамис, æмбырдты адæмы бафæрсгæйæ, æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ: скæнын хъæуы ирон адæмы иумæйаг бæрæгбæттæ афæдзы мидæг:

 

Тъæнджы мæйы (январы)

Ногбон — фыццæгæмы.

Бынатыхсæв.

Ногбон æхсæв (зæронд нымадæй) — 13-14.

Бадæнтæ.

Фацбадæнтæ (фæстаг хуыцауыхсæв).

 

Æртхъирæны мæйы (февралы)

Комахсæн.

 

Тæргæйтты мæйы (мартъийы)

Урсыкъуыри (цæрвкъахæн).

Хор-хоры бон (Рæмон бон).

Тутыр.

 

Хуымгæнæны мæйы (апрелы)

Куадзæн.

 

Зæрдæвæрæны мæйы (майы)

Зæрдæвæрæн.

 

Хурхæтæны мæйы (июны)

Кæрдæгхæссæн.

Дауджытæ.

Реком.

Дзывгъис.

 

Сусæны мæйы (июлы)

Уацилла.

Хетæджы бон.

Кæхцгæнæнтæ.

 

Майрæмы мæйы (августы)

Атынæг.

Мады Майрæм.

Майрæмы куадзæн.

Задалескы Нана.

 

Рухæны мæйы (сентябры)

Хуыцауы дзуары бон.

Мыкалгабыртæ.

Джеры дзуар.

 

Кæфты мæйы (октябры)

Хоры сæры куывд.

 

Джеоргуыбайы мæйы (ноябры)

Джеоргуыбайы къуыри.

 

Цыппурсы мæйы (декабры)

Никкола.

Цыппурс (фæстаг цыппæрæм).

Ирыстоны кадджындæр бæрæгбæттæй иу у Ног аз. Ног азы бон кæнынц дыууæ хуызы. Ног нымадæй 31 декабрæй 1 январмæ. Зæронд нымадæй та — 13-14 январы. Фыццаг заманы кодта хъызт зымæг, бирæ мит-иу æруарыд æмæ суанг уалдзæгмæ нæ тади. Ногбон æхсæв-иу ирон адæм хæдзаргай æмæ сыхгай скодтой стыр æртытæ. Æртыты æвæрдтой хус хæтæлтæ, къæрцгæнагтæ. Фæсивæд фиу æмæ цыхтæй кодтой физонджытæ. Æмдзыхæй иу хъæр кодтой: "Сой цæуы, сой, — ацы арты нæ фыдбылызтæ басудзæнт, ног аз нын хорздзинæдтæ æрхæссæд".

 

Бæрæгбон уæлдай хъæлдзæгдæр уыдис хæхбæсты. Стыр арт-иу рухс кодта ком æмæ хæхтæ. Зæрондæй, æрыгонæй иууылдæр цыдысты арты цурмæ, йæ сæрты гæппытæ кодтой, къахдзоныгътыл бырыдысты. Райсомæй-иу хадзары хистæр нæлгоймæгтæй исчи раздæр сыстад, хæдзармæ-иу æрбахаста æрцыхъæды къалиутæ æмæ куывта: "Ам цал хилы æмæ къуызыры ис, уал хорздзинады уын ног аз æрхæссæд".

 

Ногбон æхсæв-иу фæсивæд хæдзар-хæдзар зылдысты, хæдзаронты зарæг кодтой, фысымтæ сæ хъæлдзæгæй хæдзармæ хуыдтой, кæрæдзийы уарзтой бирæ æмæ æнæзæрдæхудтæй цардысты.

 

Ногбоны зарджытæ

Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ (ногбоны арфæтæ)

Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ,

Уæ райсом хорз уа!

Уæ алы аз уыл æгасæй цæуа!

Уæ сæдæ фидæн хуыздæр уа!

Уæ лæг саг амара!

Уæ ус тæрын ныййара!

Уæ фос цот ракæной!

Уæ хуымтæ æфсир æфтауой!

Уе 'фсин басыл скæна!

Уæ басылы къух мæн фæуа!

 

Басилти зар

Уæ басилтæ, басилтæ!

Хуæрз басилтæ, гъой, гъой!

Гъой, уе 'фсийни лæхъуæн фæууа!

Гъой, уæ хецау саг рамара!

Махæн басийлаг раттайтæ, раттайтæ!

Цъæх авгидзаг цъæх арахъ, цъæх арахъ!

Сау гъосини сау бæгæни, сау бæгæни!

Цæхцæхгæнгæ цæхгун фарс, ццехгун фарс!

Не 'ртæ къерей, не 'ртæ къерей —

Радæттетæ, радæттетæ!

Уæ, Батæ, фæууæмæцæуæн,

Кæд цæлæмбуд дæ, нæ уæмæ цæуæн,

Фæстæмæ цæуæн!

 

Ирон адæмон бæрæгбæттæ баст сты фæллоимæ, хъæууон хæдзарадон куыстытимæ, сæ фыццаг къорд — хорæрзадимæ, сæ дыккаг корд та — тыллæг бахъахъхъæнын æмæ бафснайынимæ. Зымæг адæм бацæттæ кæнынц уалдзæгмæ быдыртæ, кусæнгæрзтæ, уый фæстæ уалдзыгон куыстытæ раййафынц сæрды æмæ фæззæджы куыстыты, уыдонмæ гæсгæ конд сты уæлдæр ранымад бæрæгбæттæ. Ирон адæм, профессор Цыбырты Людвиг куыд фыссы (чиныг "Ирон адæмон бæрæгбонтæ". — Дзæуджыхъæу, 1999, 32 фарс), афтæмæй бæрæгбæтты афон нымадтой сæйраджыдæр Комахсæн, Куадзæн æмæ Майрæмыкуадзæнæй. Комахсæны афон бæрæг кодтой, ног азæй ранымайгæйæ, мæйы къæлиндармæ гæсгæ. Ног азæй Комахсæнмæ хъуамæ рацыдаид фондз къуырийæ фараст къуыримæ: алы аз æмхуызон не 'ййæфта. Зæгъæм, Ног азæй Комахсæны астæу ис авд къуырийы, уæд бæрæгбæтты æхсæн къуыритæ уыдзæн мæнæ уый бæрц: Комахсæнæй Куадзæнмæ — авд, Куадзæнæй Зæрдæвæрæнмæ — æхсæз, Зæрдæвæрæнæй Кæрдæгхæссæнмæ — иу, Кæрдæгхæссæнæй Атынæгмæ — дыууæ, Атынæгæй Майрæмы куадзæнмæ — æртæ-фондз, Майрæмы куадзæнæй Фыдыуанимæ — дыууæ, Фыдыуанийæ Ичъынамæ — цыппар, Ичъынайæ Уастырджимæ — æхсæз, Уастырджийæ Цыппурсмæ — æхсæз, Цыппурсæй Ног азмæ — иу, Ног азæй Комахсæнмæ — фондз-авд къуырийы.

 

Бæрæгбæтты афонтæ æмæ, се 'хсæн цал къуырийы уыд, уыдон нымадтой мæйы къæлиндармæ гæсгæ. Кæд мæй Ногбонты снæуæг, уæд Ног азæй Комахсæнмæ хъуамæ рацæуа авд къуырийы, кæд мæй Ног азæй къуыри фæстæдæр сног уа, уæд та — фондз къуырийы. Ног азæй Комахсæны æхсæн цас рæстæг рацыдаид, уымæ гæсгæ бæрæг кодтой афæдзы æппæт бæрæгбæтты бонтæ.

 

Ирон адæм ма бæрæгбæтты афон нымадтой Куадзæнмæ гæсгæ дæр. Куадзæн фæкæнынц 22 мартъийæ 25 апрелы æхсæн бонтæй иуы, зæронд нымадмæ гæсгæ кæд æррæййафы, уæд.

 

Зæгъын хъæуы æргом: нæ адæм Хуыцау æмæ зæдтыл уыдысты иузæрдион, сарæзтой сæхи ирон адæмон дин, уый зыны Нарты кадджыты дæр. Чидæртæ йæ муртаккаг дин хонынц, хæссынц æм фаутæ, фæлæ уый у адæмон дин, скифтæ æмæ алантæй баззайгæ, уый у нæ культурæйæн йæ ахъаззаг хай. Ирон фынг, ирон æгъдау никæд уыдысты æгад æмæ нæ уыдзысты. Бон цæуы æмæ фарн хæссы, цард куыд цæуа размæ, афтæ уыдон дæр хуыздæр кæндзысты. Раст зæгъынц æмбаргæ лæгтæ (газет "Рæстдзинад", 13 ноябрь 2002 аз): "Не 'гъдæутты ныхмæ хъæддыхæй архайын райдыдтой, кæддæр Хуыцауимæ тох чи кодта, уыцы интеллигенцийы иуæй-иу минæвæрттæ. Ис дзы ахæм хамелеонтæ дæр, кæцытæ сæ ныхмæ хæцыдысты, ныр та сайынц адæмы дæр æмæ Хуыцауы дæр. Фæлæ ничи никæй асайдзæн: адæмы цæст уынаг у, гæдыйы къах та цыбыр у... Адæмы фыдæх æмæ Хуыцауы фыдæх иу сты, æмæ нæ хъæуы нæ адæмы диныл, нæ адæмы æгъдæуттыл фаутæ æвæрын. Алы адæмæн дæр зынаргъ сты йæхи æгъдæуттæ".

 

Фæлитойтæ нæдæр Хуыцауæй, нæдæр адæмæй тæрсынц æмæ рухс кувæндæттæй хынджылæг кæнынц, давынц мысайнæгтæ, аразынц сæхи фæндонæй кувæндæттæ æхца æмбырд кæнынæн, сæхи пайдайæн. Ныууадзын хъæуы уыцы æнаккаг ми.

 

Ирон дин, ирон æгъдæуттæ сты кадыл даринаг, сæ халын фыдракæнд у. Хуыцаумæ кувын хъæуы сыгъдæгзæрдæйæ. Нæ фыдæлтæ дзуары бын æвæрдтой æвзист æхца. Мысайнаг тыхтой сыгъдæг бæмбæджы, кувæндонмæ цыдысты уд сыгъдæгæй æмæ буарсыгъдæгæй, буц æмæ аивæй. Не 'мбæлы дзуары бын нозтджын, бæгънæг æмæ фыдзæрдæ уæвын. Ныууадзын хъæуы карз нозт нуазын кувæндæтты!

 

Кувæндонмæ хæссынц æрмæст хæбизджынтæ: æртæ æртæдзыхоны кæнæ æртæ чъирийы, физонæг, дон æмæ бæгæны.

 

Фылдæр адæм дзуары бынмæ кувынмæ хастой æмæ хæссынц ирон бæгæны, кæнæ къуымæл. Кувæндонмæ бирæ нозт хæссын, бирæ хæрдзтæ кæнын, бирæ æхцатæ дзы мысайнагæн æвæрын не 'мбæлы.

 

Адæймаг дзуары бын хъуамæ йæхи дара уæздан æмæ æгъдауджынæй, æвзæр æмæ тызмæг ныхас ма кæна. Куывддоны фидауы æрмæстдæр сыгъдæгдзинад, дæ фæстæ кувæндон æнæфснайдæй æмæ æдзæлгъæдæй ма ныууадз.

 

Кувæндоны уынаффæгæнæг у дзуары лæг. Уый æвзарынц адæм, хъæубæстæ, сыхæгтæ (хæлттæ сæппаргæйæ). Дзуары лæг вæййы æууæндæг Хуыцауыл æмæ дзуæрттыл, æгъдауджын, кадджын æмæ сыгъдæгзæрдæ адæймаг. Уый кувæндонмæ зилы, сыгъдæг æй дары, кувинæгтæ кувы.

 

Дзуары лæгтæн бар нæй (нæ фæччы) мысайнæгтæй иу капекк дæр сæ дзыппы сæвæрынæн. Уыдон адæмы раз афæдз иу хатт дзуапп дæттынц æмæ сын æмбарын кæнынц, цас æрæмбырд ис мысайнæгтæ æмæ цæуыл хардз æрцыдысты, уый.

 

Аланты Ныхасы кусы дзуары лæгты Совет. Советы уæнгтæм хæлттæм гæсгæ æвзæрст æрцыдысты дзуары лæгтæ округтæй, районтæй, хъæутæй. Уыцы Совет мысайнæгтæм ницы бар дары. Æрмæст бæрæг кæны, цæмæй мысайнæгтæ адæмы фæндонмæ гæсгæ хардзгонд цæуой, куыд æмбæлы, афтæ: кувæндонмæ базилыны тыххæй, йæ кувæн бон адæмæн куывд саразынæн, мæгуырæн, тыхст рынчынæн æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн баххуыс кæнынæн. Ирон æгъдæутты къамисы æмæ фылдæр адæмы фæндонмæ гæсгæ æгъдæуттæй ивд ницы цæуы, æфтаугæ дæр сыл нæ кæнæм, чи куыд куывта, афтæ кувæд, — уый хорз у. Æрмæст адæймаджы куывд хъуамæ уа сыгъдæгзæрдæйæ. Хуыцауæй курын хъæуы хорздзинад, сабырдзинад, æнæниз æмæ уарзондзинад.

 

КУЫВДТÆ

 

Ирон адæм куывдтæ бирæ кæнынц, æмæ уый æвзæр нæу. Адæм кæрæдзимæ цæуынц, сæ цæхх æмæ кæрдзын хæрынц иумæ. Хуыцаумæ кувынц æмæ дзы хорздзинад курынц. Куывдтæ фылдæр кæнынц, адæймаг фыдбылызæй куы аирвæзы, уæззау низæй куы сдзæбæх вæййы, бæлццон фæндагыл куы фервиты, балцæй фæстæмæ дзæбæхæй куы сыздæхы, бинонтæ ног хæдзары кæнæ фатеры куы æрцæрынц, йæ хæстæг къабæзты куы æрхоны, лæппу куы райгуыры, кæхцгæнæнты æмæ ахæм хорзæрцыды тыххæй.

 

Куывдтæ хæрын æмæ нуазыны тыххæй не сты. Куывд у æгъдау, фидауц æмæ уарзондзинады хъуыддаг. Кæнæм æй, цæмæй дæ хæстæг — дæ къабæзтимæ, сыхæгтимæ, æрдхæрдтимæ Хуыцаумæ скувай æмæ хъæлдзæгæй семæ фæбадай, уый тыххæй.

 

Алы адæймаг дæр куывды хъуамæ йæхи æвдиса æгьдауджынæй, хиуыл хæцын хъæуы хæрд æмæ нозтæй. Нæ фыдæлтæ-иу куывдмæ куы цыдысты, уæд-иу сæ хæдзæртты бахордтой æмæ куывды фыдхæрд нæ кодтой, цыдысты йæм æгъдауы тыххæй.

 

Куывды не 'мбæлы зыдхæрд æмæ расыг кæнын. Хъусын хъæуы, демæ фынгыл цы адæм бады, уыдонмæ. Кад дæттын хъæуы хистæртæн дæр æмæ кæстæртæн дæр. Алы лæг дар хъуамæ хъуыды кæна афтæ: мæнмæ кæсынц адæм, уæлдайдæр та кæстæртæ, æмæ мæхи равдисон æгъдауджынæй, цæмæй мыл макæй зæрдæ фæхуда, уадз мæнæй исты хорз æгъдау райсой.

 

Фæстаг рæстæджы кæстæртæ хистæртæн уырдыг нал лæууынц, æмæ уый раст нæу. Цыфæнды фынгæвæрды дæр бадты адæмы раз хъуамæ лæууа уырдыгыстæг. Уый тыххæй кæстæртæн тæригъæд нæ хъæуы. Хъæуы сæ ахуыр кæнын, уымæн æмæ сомбон уыцы кæстæр баддзæн хистæры бынаты.

 

Куывдæй къуыри раздæр, кæнæ уымæ æввахс рæстæджы хæдзары хицау снысан кæны (хуыздæр уыдзæн, йæхæдæг сын куы зæгьа, уæд), йæ кæрты чи уыдзæн уынаффæгæнæг, бадты хистæр æмæ æфсинтæ, уыдон. Рагацау хонæг æрвыст хъуамæ æрцæуа хонинаг адæммæ дæр (гæнæн нæй, уæд бон раздæр).

 

Куывды фынджы хистæрæн сбадын кæнын хъæуы карджын, арæхстджын æмæ, æгъдау хуыздæр чи ратдзæн, ахæм лæджы.

 

Хистæр бады фынджы ныхмæ, йæ фæйнæ фарс та — хистæр фæлтæрæй дыууæ лæджы. Уыдон дæр — æвзæрст лæгтæ, ирон æгъдæуттæ хуыздæр чи зоны, ахæмтæ.

 

Куывды уазæг куы сæмбæла æмæ уый æрыгон адæймаг куы уа, уæд ын бар раттынц кæстæрти-мæ сбадынæн, ацæргæйæн та — хистæртимæ.

 

Хистæрты раз вæййы: æртæ чъирийы (æртæдзыхоны), кусарты сæр æмæ бæрзæй. Бæрзæй æвæрд вæййы сæрæн йæ галиу фарс. Кусарты рахиз уæн (фыс куы уа, уæд) хицæн тæбæгъы, фæрсты æмæ сины хæйттæ, стæй нуазæнтимæ æрвитынæн æртæ фæрсчы хай æмæ сгуы. Уыдон сты кады тыххæй. Хистæрты раз ма вæййы хицæн тæбæгъы сыгьдæг агуывзæтæ. Хистæр нуазæнтæ куы фервиты, уæд уырдыглæууæг сыгьдæг агуывзæты æркæны, цы нозт æмбæлы, уый.

 

Кувгæйæ бадты адæм иууылдæр сыстынц, кæстæртæ сæ уæлхъус уырдыг лæууынц æмæ иууылдæр æмдзыхæй "оммен" кæнынц. Хистæрæн йæ рахиз къухы вæййы бæгæныйы къус, галиу къухы — базыг. Дыккаг хистæрмæ — нозт æмæ æртæ фæрскæй физонæг. Æртыккаг хистæрмæ — нозт æмæ кусарты раззаг хуылфыдзаумæттæй физонæг (æнæ къай хæйттæй: 3, 5, 7, 9). Хистæр скувы æмæ кувæггаг авæры, куывд кæй номыл у, уымæ, кæнæ та, йæ разы уырдыг чи лæууы, уыцы кæстæртæм. Уыдон ацаходьшц сгуыйæ (базыгæй), нуазæнæй æмæ чъиритæй.

 

Дыккаг æмæ æртыккаг хистæртæ сæ куывды кæнынц цыбыр ныхас. Дыккаг хистæр нуазæн æмæ æртæ фæрскæй физонæг авæры бадты æртыккаг хистæрмæ. Æртыккаг хистæр та — бадты кæстæртæм. Кæстæртæ кувинæгтыл бирæ нæ дзурынц, хистæртæй æфсæрмы кæнынц. Уыдон физонджытæ æрлыгтæ кæнынц æмæ сæ фынгтыл айуарынц, раздæр — хистæрты раз, стæй уымæй дæлæмæ.

 

Куывды æртæ лæгæн вæййы иу фынг. Алы адæймаджы раз дæр æвæрын хъæуы тæбæгъ, уидыг, вилкæ æмæ кард, дон æмæ нозтæн агуывзæтæ, къухтæсæрфæн гæххæтт (салфеткæ).

 

Фынг æвæргæйæ, хаттæй-хатт хистæртæ баззайынц рохуаты. Сæ разы æртæ чъирийы, сæр æмæ бæрзæй ис, уымæ гæсгæ æфсинтæ æнхъæл вæййынц, фынг æвæрд у, зæгъгæ, — æмæ уый раст нæу. Фынг æвæргæйæ, хæйттæ (алцы дæр) æвæрын райдайын хъæуы хистæрты разæй.

 

Циндзинад рæсугъд кæнынц хъазт æмæ зард.

 

Сыхбæстæй, кæнæ хуынд адæмæй исчи зианджын куы вæййы, уæд дзы хæдзары хицау, науæд хистæртæ хатыр ракурынц, бар радт хъæлдзæгдзинад саразынæн, зæгъгæ.

 

Кæстæр фæсивæд фынджы уæлхъус нæ бадынц, фæлæ кафынц æмæ зарынц хъазты. Хистæртæ сын хъазтмæ арвитынц арфæйы нуазæн.

 

Куывды æмбæлы хъæлдзæг зарджытæ кæнын. Бадты заргæ чи кæны, уымæн йæ къухы вæййы нуазæн. Æппæты фыццаг ныззарынц хистæртæ, стæй йæ айсынц иннæтæ, уæлдæр æй сисынц кæстæртæ. Бадты адæм зарæгæн хъырнынц. Зæгьæм, нæ фыдæлтæ арæх зарыдысты Уастырджийы зарæг хохы дæр æмæ быдыры дæр:

 

Цæй, хохы Уастырджийы хорзæх, хохы Уастырджи!

Цæй, кувæг адæмы куывдтæ дзæбæхæй æрцæуой, Уастырджи!

Цæй, арфæ ракæн дæ кувæг адæмæн, хохы Уастырджи!

Ракæс-ма, уæлæ бæрзондæй ныллæгмæ арфæтæ ракæнай!

Гъей, гъей, хъæбæр хохы Уастырджи, табу, дæ хорзæх нæ уа, гъей!

Гъей, дæ кувæг адæм дæумæ кувгæ куы кæнынц,

Гъей, ракæс æмæ сын арфæтæ ракæн,

Табу дæхицæн, бæрзонд Уастырджи!

Кувæг адæмы куывдтытæ дæм дзæбæх фæкæсæнт.

Уæ хъæбæр хохы Уастырджи, мах дæ ныфсæй куы цæрæм.

Нæ буц нывондæгтæ дын барст фæуæнт!

Мах сымах ныфсæй кувæг стæм хохы дæр æмæ быдыры дæр.

Нæ фæндаггон дæр — де уазæг, Уастырджи, æмæ нæ бынæттон дæр.

 

 

Уасгергий зар

Цæй, Уасгергимæ баковæн, базарæн,

Е 'уазæг ан, е 'уазæг, лæхъуæнтæ!

Бæрзондæй ракæсæ, рафæлгæсæ,

Нæ сугъзæрийнæ базургин,

Мæнæ дæ мæгур иуазгутæмæ,

Æма де 'уазæг фæууæнтæ, Уасгерги!

Иуазгутæ дæр де 'уазæг,

Фусун дæр де 'уазæг, Уасгерги!

Бæрзондбæл бадæг, разæй ку цæуай, —

Фæстæмæ нæ багъæуай кæнæ!

Фæстеггæй ку уай, сугъдæг Уасгерги,

Уæд-еу нæ дæ базури буни бакæнæ!

Цæй сугъзæрийнæ базургин

Рæсти Уасгерги!

Бæрзондæй нæмæ ракæсæ.

Ниллæгмæ нæ бафæдзæхсæ.

Бæрзондбæл бадæг Уасгерги,

Де 'уазæг ан, де 'уазæг!

 


Дата добавления: 2015-12-01; просмотров: 37 | Нарушение авторских прав



mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.066 сек.)