Студопедия
Случайная страница | ТОМ-1 | ТОМ-2 | ТОМ-3
АрхитектураБиологияГеографияДругоеИностранные языки
ИнформатикаИсторияКультураЛитератураМатематика
МедицинаМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогика
ПолитикаПравоПрограммированиеПсихологияРелигия
СоциологияСпортСтроительствоФизикаФилософия
ФинансыХимияЭкологияЭкономикаЭлектроника

Санахъоты Уанкъа

ХЪАМБЕРДИАТЫ МЫСОСТ | ГÆДИАТЫ ЦОМАХЪ | БАРАХЪТЫ ГИНО | ИЛАС ÆРНИГОН | КОСИРАТИ СÆРМÆТ | БЕКОЙТЫ ДЗИБКА ÆМÆ ТЫБЫЛТЫ АЛЫКСАНДР | ГÆДИАТЫ СЕКЪА |


Октябры революцийы размæ Хуссар Иры нæ уыд райдайæн скъолайæ уæлдæр ахуыргæнæн бынат. Уæвгæ, райдайæн скъолатæ дæр алы хъæуы нæ уыдысты. Зæгъæм, Урстуалты цыппар комы хъæутæн уыдис æрмæст иу скъола — Едысы.

1914 азы имиериалистон хæсты рæстæджы Хуссар Иры адæм дæр хъæрæй дзурын байдыдтой сæ сомбоны царды фæндæгтыл. Райдайæн скъола, æртæ азы ахуыр кæнын кæм хъуыд (уæд сæ кълæстæ нæ хуыдтой, фæлæ «отделенитæ»), уый сæм æгъгъæд нал каст. Дыууæ æви æртæ раны уыди, фондз азы ахуыр кæнын кæм хъуыд, ахæм скъолатæ (уыдон та «двухклассныйтæ» хуыдтой). Фæлæ сæм ахæмтæ дæр фаг нæ кастысты.

Æз ахуыр кодтон Едысы райдайæн скъолайы 3-аг отделенийы, афтæ æрбайхъуыст ног хабар: Дзауы араздзысты, райдайæн скъола чи фæуа, уыдон ма дарддæр фондз азы дæргъы кæм ахуыр кæндзысты, ахæм уæлдæр скъола. Афтæ дæр ма дзырдтой, уыцы скъола, дам, каст чи фæуа, уыцы адæймаг йæхæдæг бæздзæн райдайæн скъолаты ахуыргæнæгæн.

Адæм иттæг æхсызгонæн дзырдтой кæрæдзийæн уыцы хабар. Зыдтой, ахуыр кæнын куыд зын у, уый. Цы иуæй-иу лæппутæ ахуыр кодтой райдайæн скъола фæуæвгæйæ, уыдон Гуры кæнæ Калачы скъолатæм цыдысты æмæ уыцы горæттæ та дард уыдысты сæ райгуырæн хъæутæй, стæй уым цæрæггаг æмæ ахуыргæнæггаг бирæ æхца фидын хъуыдис. Дзау та — ирон хъæу, æввахс, бæстастæу, Чъребамæ фæндагыл,— цыбырныхасæй, алырдыгæй дæр иттæг хорз бынат скъола аразынæн.

Æхца æмбырд кæнын райдыдтой. Хæдзæрттæй чи куыд хъæздыгдæрыл нымад уыди, афтæмæй: кæмæй дыууæ туманы, кæмæй — туман, фондз сомы... Скъолайæн йæ бындур æрæвæрдтой, æрцæттæ кодтой, хъæдæрмæгæй йын цы хъуыд, уыдон иууылдæр, суанг дуар æмæ рудзынджы онг. Фæлæ бæстæйы мидæг уавæр фæвазыгджындæр, æмæ Дзауы скъолайы арæзтад дзыхълæуд ныккодта.

Фæлæ та уæддæр тагъд рæстæгмæ ирон прогрессивон интеллигенцийæ иукъорд лæджы, уыдонимæ Санахъоты Уанкъа дæр, афтæмæй уæддæр байгом кодтой Дзауы скъола (1916—1917 ахуыры аз) рæстæгмæ конд хъæдын æртæ хицæн уаты. Йæ ном — Уæлрайдайæн ахуырдон — Высшеначальное училище.

Мæнæн фыццаг аз амал нæ фæцис Дзауы скъоламæ бацæуын æмæ йæм бахаудтæн æрмæст дыккаг аз. Скьола ныййæфтон ахæм хуызы: кæмæйдæр цæттæйæ кæй балхæдтой, ахæм хъæдын хæдзар, иунæг уат, йæ балкъон — стыр, йæ къултæ — фæйнæг, йæ сæр — хъуари. Уый уыд цæттæгæнæн кълас. Уымæй къаддæр агъуыст уыд фыццаг къласæн: иу уат — æнæ къæридор, æнæ балкъон. Уынгæй комкогммæ бахиз къласмæ. Сæрдгæ дæр æй нæхæдæг бакодтам. Иу къаннæг уат та — дыккаг къласæн. Уый иннæ кълæстæй уæлдай бæрæг дардта, нæ партæтæ хуыздæр кæй уыдысты, уымæй, зиллонджын, сыстæйæ уæлæмæ сфæлдахæн фахс кæмæн уыд, ахæмтæ.

Уыцы къласæн ахуыргæнæг уыд скъолайы инспектор Санахъоты Малхазы фырт Уанкъа йæхæдæг, махæн, фыццæгæм къласæн та — Санахъоты Накъа.

Ног скъолайæн йæ бындурон агъуысты систæ зæххы æмвæзæй фæуæлдæр сты ас лæджы ’мбæрц. Амад уыдысты рæсугъд бурдзалыг кæрдгæдурæй, ласгæ та сæ кодтой иу-дыууæ километры бæрц дæрддзæгæй.

Фыццаг къласы ахуыр кодтам уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтæ. Гуырдзиаг æвзагмæ йæ хъус ничи бæрæг дардта. Бирæтæ афтæ дæр кодтой: гуырдзиаг чиныджы текст-иу ныффыстой уырыссаг дамгъæтæй æмæ афтæмæй ахуыр кодтой сæ урок. Дыккаг къласы ахуыр кæнын райдыдтам францусаг æвзаг. Гуырдзыстоны хицауиуæггæнæг меньшевиктæ диссаджы уарзт бакодтой францусаг æвзаг. Æз Дзауæй дæлдæр никæм ма уыдтæн, фæлæ-иу Калакæй чи ссыд, уыдон куыд дзырдтой, афтæмæй горæты уагдæтты æмæ куыстуæтты бацæуæнтыл уырыссагау фыст никуыуал уыд — æрмæст гуырдзиагау æмæ францусагау.

Дзауы скъолайы ахуыргæнинæгтæ бавдæлдысты æмæ (уæды рæстæджы куыд дзырдтой) «сбунт кодтой»: «Кæд Гуырдзыстоны скъолаты алыран дæр ахуыр кæнынц францусаг æмæ гуырдзиаг æвзаг, уæд мах цæуылнæ ахуыр кæнæм нæ мадæлон ирон æвзаг?» Скъоладзаутæ-иу алы бон дæр æрцыдысты скъоламæ, фæлæ кълæстæм ахуырмæ нæ цыдысты, домдтой, ирон æвзаг ахуыр кæнын куыд райдайой, афтæ.

Скъолайы хицау-инспектор Санахъоты Уанкъа дзырдта:

— Мадæлон æвзаг ахуыр кæнынæн сæрмагонд ахуыргæнæг хъæуы. Ахуыргæнæгæн та мызд фидын хъæуы æмæ Гуырдзыстоны хицауад ахæм ахуыргæнæгæн мызд не сфидар кодта, æмæ уын цы мæ бон у?

Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны хицауиуæг меньшевиктæ кодтой. Уыдон къухбакæнæн ссардтой скъолайы хицау Санахъоты Уанкъамæ æмæ йæ фелвæстой йæ куыстæй, цыма скъоладзауты «бунт» уый аххос уыд, ахæм æфсонæй. Хабар нын фехъусын кодта Уанкъа йæхæдæг: ома, æз инспектор нал дæн æмæ мæнмæ мауал дзурут. Гъемæ уæд æцæг карз «бунт» кæнын райдыдтой скъоладзаутæ. Сæ иумæйаг митинджы рахастой ахæм уынаффæ: «Кæд Дзауы Уæлрайдайæн скъолайæн Санахъоты Малхазы фырт Уанкъа нæу хицау, уæд дзы мах нал ахуыр кæнæм æмæ нæ хæдзæрттæм цæуæм!»

Хуыздæр гæнæн нал уыд хицæуттæн дæр æмæ та Уанкъайы сæвæрдтой инспекторæй. Скъоладзаутæ дæр сæ раздæры «бунтыл» нал уыдысты æмæ райдыдтой ахуыр кæнын. Францусаг æззаджы ахуыргæнæг — Дзассохы-фырт ма нын ныфс бавæрдта, ома, исты амæлттæ кæндзыстæм нæхæдæг ирон æвзаг ахуыр кæнынæн. Зæгъæм, францусаг ныхæстæ ахуыр кæнгæйæ, гарсон — мальчик нал фысдзыстæм, фæлæ гарсон — лæппу. Фæлæ уымæй дæр ницы рауад. Гуырдзыстоны «демократон» паддзахадмæ нæ разынди иу ахуыргæнæджы мызды фаг æхца. Санахъоты Накъа ма нын йæ урокты касти иуæй-иу гуырдзиаг фысджыты уацмыстæ ирон æвзагмæ тæлмацæй æмæ йæхæдæг сывæллæттæн цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыцы къухфыстытæ.

Санахъоты Уанкъа хицæуттимæ æмæ ахуыргæнджытæй дæр кæйдæртимæ цæмæ гæсгæ «зулдзых» уыд, уымæн мах, кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ, бæстон ницыма зыдтам. Алыхуызон партитæ кæй фæзынд, уый фехъуыстам, Накъа дæр нын радзырдта цыдæртæ йæ урокты, фæлæ уæддæр партитæй цы уæлдай ис, уый скъоладзаутæй бирæтæ нæма æмбæрстой. Æрмæст æртыккаг æмæ уæлдайдæр та цыппæрæм къласы чи ахуыр кодта, уыдон хъомыл фæсивæд уыдысты, цы кълæсты ахуыр кодтой, уыцы карæй дзæвгар хистæр чи уыд, ахæмтæ.

Уыдон сарæзтой сусæгкуыстгæнæг фæсивæдон къорд «Спартак» æмæ уыдысты большевикты къордимæ баст.

Уанкъа дæр зыдта уыцы хабар, фæлæ йæхи афтæ дардта, цыма ницы зоны.

Уанкъа йæхæдæг та Гуырдзыстоны национал-меньшевиктæм цы цæстæй каст, уый скъоладзаутæ зыдтой ахæм цауæй. Меньшевикты æфсад Хуссар Ирыстонмæ фыццаг хатт куы æрбабырстой 1918 азы, уæд уыцы хæсты фæмард сты урстуаллаг Тыбылатæй иу лæппу æмæ борджынисæгтæ иу æви дыууæйæ. Уый уыд ахуыры азы рæстæджы. Борджынисæгты ныгæнæн бон Уанкъа акодта йе скъолайы ахуыргæнинæгты æмæ ахуыргæнджыты Борджынисмæ, хæсты чи фæмард, уыдон кад æмæ номы тыххæй. Араст стæм фистæгæй 5—7 километры фæндагыл. Бæрцæй та уыйас уыдыстæм, æмæ нæ фыццæгтæ схæццæ сты хъæумæ, фæстæгтæ та ма дæлæ комы Леуахийæ æрбацæйхызтысты. Борджынисæгтæ куыд дзырдтон, афтæмæй уыцы хъæумæ уыйбæрц адæм æрцæугæ никæдма федтой.

Мадæлон æвзагыл куыд æнувыд уыди Уанкъа, уый тыххæй дæр ма мæ зæрдыл лæууы иу цау. Дыккаг къласы куы ахуыр кодтам, уæд нæ ахуыргæнæг цалдæр боны не ’рбацыд скъоламæ. Йæ бæсты уроктæ лæвæрдта Уанкъа йæхæдæг. Уыцы рæстæджы ахуыр кодтам Лермонтовы æмдзæвгæ «Три пальмы». Уанкъа алы рæнхъ дæр тæлмац кæнын кодта иронау. «Верблюд за верблюдом, взрывая песок...» — ацы рæнхъ та иронау куыд уыдзæн, зæгъгæ, куы бафарста, уæд скъоладзаутæй иу йæхи фæраздæр кодта:

— Акмели акмелийы фæстæ... — скъæрцц ласта уый.

— Гъеуый иронау хоныс? — бафарста Уанкъа.

— Теуа теуайы фæстæ! — йæ дзырд баппæрста æндæр ахуыргæнинаг.

— Гъеуый иронау! — загъта ма Уанкъа æмæ дарддæр кодта урок.

Хуссар Иры фæллойгæнæг адæм 1920 азы сæрды Цæгат Ирмæ куы ралыгъдысты, уæд Санахъоты Уанкъа дæр уыдонимæ ралыгъд Дзæуджыхъæумæ. Ам куыста Хæххон республикæйы рухсады комиссарады Ирон зылды хайы райдайæн скъолаты инструкторы бынаты.

Уыцы рæстæгмæ Цæгат Иры æвæрд æрцыд æмæ æрбæстон Советон хицауад, фæлæ бæстæ сабыр нæма уыд: урсгвардион бандитты балтæ ма сусæгæй-æргомæй лæбурдтой ног хицауады кусджытæм, стыгътой æмæ мардтой фæллойгæнæг адæмы. Уанкъа лæуд уыди тæссаг куысты, фæлæ ахсджиаг бынаты: зылди Цæгат Иры хъæуты скъолатыл æмæ амыдта ахуыргæнджытæн æмæ скъолайы хицæуттæн, советон ног скъолайы куыст куыд сæвæрын хъæуы, уыдæттæ. Тæссаг та уымæй уыд, æмæ хъæуæй хъæуы ’хсæн дæр нæ уыд æдасæй цæуæн уыцы æвзæргæнджытæй.

Уанкъайæн йемæ чи куыста инструкторæй, Тотойты Алыксы, уый афтæ фыссы: «Санахъоты Малхазы фырт Уанкъаимæ уыдыстæм Къардоны (Архоны станицæйы) скъолайы дыккæгæм къласы ахуыргæнæг Д.П.-йы урочы. Уайтагъддæр бафиппайдтам, ахуыргæнæгмæ кæй нæй педагогон фæлтæрддзинад æмæ уроктæм æдзæттæйæ кæй æрбацыд, уый. Цæмæй йæ бæлвырддæр базонæм, уый тыххæй йын загътам, мах цур куыд райдайа арифметикæйы урок. Гъемæ райдыдта, фæлæ мах дызæрдыг нал кодтам, кусын нæ зоны, ууыл. Скъоладзаутæн радта хынцинаг, хъуыды дæр кæуыл нæ акодта æмæ уыцы уадид йæ зæрдыл цы æрбалæууыл, ахæм цыдæр: «Авд сырддонцъиуы æмæ авд дуры...» «Сабитæ, — дзуры скъоладзаутæм,— мæ дзыппы ис авд лыстæг дуры. Æз фæцæуын уынджы æмæ уынын авд сырддонцъиуы...» Зæгъы та йæ дыккаг хатт: «Мæ дзыппы дуртæ æмæ уынын авд сырддонцъиуы. Мæ къух мæ дзыппы нытътъыстон æмæ систон авд дуры æмæ сæ фехстон иу сырддонцъиуыл; систон та авд дуры æмæ сæ фехстон иннæ сырддонцъиуыл. Цыппар дуры радтон иу лæппуйæн æмæ æртæ дуры та иннæмæн. Цал дуры уыд мæ дзыппы?»

Уыцы хынцинаг загъта цалдæр хатты, алы хатт дæр æндæр æмæ æндæр хуызæттæй æмæ сабитæ нæ, фæлæ ма мæнæн дæр нæ бантыст йæ райхалын, уымæн æмæ алыхуызон дзуапп цыд. Сабитæ ныхъхъус сты. Ныфсæрмы сты. Мах дæр хорзау нал уыдыстæм. Уыцы æфсæрмыйаг уавæрæй нæ фервæзын кодта Санахъойы-фырт. Уый æндæр хынцинаг радта скъоладзаутæн, уыдон æй раст сарæзтой, стæй Уанкъа урок йæхæдæг ахæццæ кодта кæронмæ.

Ацы чысыл хабарыл уыйбæрц бæстон уымæ гæсгæ дзурæм, æмæ уый у, Уанкъайы куысты тыххæй цы фæстагдæр хабар фехъуыстам, уый.

Тотойы-фырт йæ ревизийы тыххæй цы документ фыссы, уый балæвæрдта Ахуырады хайадмæ мартъийы 23-æм бон 1923 азы. Документæн йæ «Инструкторты фиппаинæгтæ», зæгъгæ, уыцы хай афтæ райдыдта:

«30 ноября 1922 года совместно с покойным инструктором И.М. Санакоевым посетил Архонскую школу второй ступени; обревизовав школу, обратили внимание на следующее...»

Зындгонд куыд у, афтæмæй Санахъоты Уанкъайы амардтой бандиттæ. Йæ мард ын ссардтой Къардонæй Дзæуджыхъæуы ’хсæн поствæндаджы цур. Советон хицауады знæгтæ йæ кæй амардтой, уый уымæй бæрæг у, æмæ йæ бæх дæр æмæ йæ линейкæ дæр баззадысты йæ фарсмæ. Фæлæ, хъыгагæн, марджытæ не сбæлвырд сты. Кæцы аз æмæ мæйы бон уыд йæ амæлæты рæстæг, уый ныртæккæ нæма сбæрæг. Мах кæй фарстам, уыдон алыхуызон ныхас кæнынц. Чи зæгъы — 1923 азы, чи та — 1924 азы. Санахъоты хистæд у, чидæртæ та Ногиры зæгъынц. Нырма уал нæ бон у ахæм хатдзæг скæнын: кæд 1922 азы 30-æм ноябры Уанкъа æмæ Тотойы-фырт ревизи кодтой Къардоны скъола, 1923 азы 23-æм мартъийы та йæ «покойный» хоны, уæд бæрæг у — Уанкъайы адзал æрцыд 1922 азы декабры кæнæ та 1923 азы яиварь-февралы мæйты. Архивы ма ссардтам æрмæст Ахуырады хайады кусджыты номхыгъд февралы кæронмæ. Фыст дзы ис æртæ инструкторы мыггæгтæ, Уанкъайы кой дзы нал ис.

Уымæ гæсгæ, Гаглойты Арсен куыд фыссы йæ уацы, «Санахъоты Уанкъа мард фæцис 1923 азы кæрон», зæгъгæ, уый раст нæу. («Советон Ирыстон», № 103, 27.5. 1977). Фæлæ уыцы æртæ мæйæ кæцы мæй æмæ кæцы бон уыд, уый нырма сбæлвырд кæнинаг у æмæ фæстæдæр, чи зоны, уый дæр къухы бафта.

***

Иттæг хорз бакодта Гаглойты Арсен, Уанкъайы царды хабæрттæ кæй фехъусын кодта, уымæй. Йæхæдæг куыд фыссы, афтæмæй сæ «цыбыртæй» радзырдта. Хъæугæ та сæ кæны цыбыртæй нæ, фæлæ бæстон æмæ биноныгæй фыссын, уымæн æмæ Санахъоты Уанкъа æрдхæрæны нæртон куыст бакодта Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæмы ахуырадон æмæ рухсадон хъуыддæгты, стыр фæд ныууагъта йæ фæстæ æмæ йæ хъуамæ зоной нырыккон фæсивæд дæр.

1921 азы Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны дæр Советон хицауад куы ’рбæстон, уæд скъолатæ арæзт æрцыд алы хъæуы дæр. Суанг 5—8 хæдзары кæм уыд, уымыты дæр. Скъолатæн ахуыргæнджытæ дæр куыд нæ хъуыдаид! Æмæ уыцы ахуыргæнджытæн сæ фылдæр æмбис уыдысты, кæддæр Уанкъайы къухы чи ахуыр кодта, Уæлрайдайæн ахуырадон скъоладзаутæ кæй хуыдтой, уыдон. Æмæ канд райдайæн скъолаты нæ, фæлæ ног советон кусæндæтты дæр, суанг партийы облæсты комитетæй райдай æмæ хъæусоветты секретарты онг, кæм нæкуыстой Уанкъайы ахуырдзаутæ. Амал кæмæн фæцис, уыдон та дарддæр кодтой сæ ахуыры кой æмæ ссæдзæм азты кæронмæ систы дæсны ахуыргæнджытæ, дохтыртæ, инженертæ, ахуырадон æмæ æхсæнадон бæрнон куысты лæгтæ.

Хуссар Иры Санахъоты Уанкъайыл скодтой зарæг. Йæ рæстæджы йæ арæх зарыдысты Цæгат Иры дæр (суанг æртынæм азты кæронмæ дæр), фæлæ уæдæй фæстæмæ рохау аззад. Гаглойы-фырт куыд фыссы, афтæмæй Уанкъайæн Дзауы цы цыртдзæвæн скодтой, уый дæр цыма йæ нывыл нал у. Хъыгаг сты уыцы хабæрттæ.

Санахъоты Уанкъайæн йе стырдæр бæллиц уыд астæуккаг скъола саразын. Иунæг астæуккаг скъола æгас Хуссар Ирыстонæн. Ныртæккæ та Хуссар Иры ис цалдæр астæуккаг скъолайы æмæ техникумы, суанг ма институт дæр. Уанкъайы бæллиц раджы сæххæст Советон хицауады руаджы. Фæлæ уыцы бирæ астæуккаг скъолатæй иу, — зæгъæм, Дзауы астæуккаг скъола, Санахъоты Уанкъайы номыл куы схуындæуид, уæд уал уый уаид Уанкъайæн йæ бирæ лæггæдты иу хайы аккаг мадзал.

Нырма Дзауæн йæхи мидæг дæр хъуамæ бирæ адæймæгтæ уа, Уанкъайы лæгæй-лæгмæ чи зыдта, кæнæ та хистæртæй Уанкъайы кой чи фехъуыста. Уыдон хъуамæ æрæмбырд кæной Уанкъайы царды хабæрттæ: кæд райгуырд, кæмыты ахуыр кодта æмæ куыста. Уыцы ахсджиаг куыст хъуамæ сæ къухы бафта Дзауы скъолайы хистæр ахуыргæнинæгтæн.

Ирон адæм рагæй нырмæ стыр кадыл дарынц, дзыллæйы лæг кæй фæхонынц, уыцы адæймæгты. Санахъоты Уанкъа дзыллæйы лæг кæй уыди, уый бæрæг у, зарæг ыл кæй скодтой, уымæй. Æмæ йæ ном хъуамæ макæд ферох уа ирон фæллойгæнæг адæмæй.


Дата добавления: 2015-07-12; просмотров: 64 | Нарушение авторских прав


<== предыдущая страница | следующая страница ==>
БЕДЖЫЗАТЫ ЧЕРМЕН| БАЙМÆТАТЫ ЦЫППУ

mybiblioteka.su - 2015-2024 год. (0.01 сек.)